გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Карел, Кълдуйы хъæу | Бабо Хаташвили, 76-аздзыд

Смотрите текст на русском языке ниже

Мемæ ныхас кæнынц, сæхицæн уым фæбадынц, уæлæ люстрайыл æмæ ныхас кæнынц. Семæ не сфæлмæцдзынæ. Зæрватыччытæ… Фарон сын сæ ахстон фехæлдтой, æндæр аз дæр, уыдон фæстæмæ хъуамæ æртахтысты æмæ та сæ ахстон ногæй сарæзтой.

Ныхас кæнынц адæймæгтау. Ам цалдæр бинонтæ баззадысты. Иннæтæ ацыдысты, иууылдæр ацыдысты.

Уыцы азты нæм бирæтæ æрбацыдысты, æгæрыстæмæй, Дирбæй дæр (1991-1992). Сæ фос дæр æрбаскъæрдтой. Хуыцау мæ сыхæгтæн æнæниздзинад балæвар кæнæд! Уыдон дæр æххуыс кодтой.

Мæнæ уыцы хæдзары хицау мæм æвæрынмæ радта сыгъзæринтæ æрдæглитруат банкæйы. Иууылдæр ын сæ фæстæмæ радтон, нымадæй. Сыджыты сæ бамбæхстон сывæллæттæй æмæ лæппутæй дæр.

Мах дæр-иу ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ æмæ-иу фæстæмæ æрыздæхтыстæм. Бирæтæ бынтондæр ацыдысты. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, нæ гуырдзиæгтæ фæтæрсын кæндзысты.

Мæнæ ацы хæдзары бинонтæ сæгътæ дардтой. Бирæ сæгътæ сын уыд. Фæкæс, æмæ та-иу сæгъ æрбаргæвстой, цыма никуы æмæ ницы, афтæ. Уыцы æхсæв сæм уазæгуаты уыд иу лæппу, хæдзары хицауæн æххуыс кодта. Изæры лæппу хъуамæ ацыдаид сæхимæ, фæлæ йæ фысым нæ ауагъта, æхсæвыгон ма зæгъ, кæдæм цæуыс, ам бахсæвиуат кæн, æхсæвæр бахæрдзыстæм. О, Хуыцау, цæй хорз лæппу уыд, уый цы хæцæнграз фехста…

Æхсæвы æрбацыдысты гарзджын адæймæгтæ. Хъуамæ сын сæ фос атардтаиккой. Сæ размæ лæппу рахызт, сылгоймæгты нæ рауагъта æддæмæ. Лæппу гуырдзиагау дзуры гæрзифтонг лæгтæм: «Цæмæн æрбацыдыстут? Мæн нæ базыдтат? Нæ мæ уынут? Уæ хæцæнгæрзтæ иуырдæм айсут, ма фехсут!»… Фехстой æмæ лæппуйы амардтой. Куыд хорз лæппу уыд. Ахæм хорз лæппуйы цы мад схъомыл кодта…

Лæппуйы чи фехста, уый мыггаг уыд Тортладзе. Йæ бинонтæ иууылдæр аскъуыдысты, ничиуал сæ баззад, нал дæр лæг, нал дæр ус, нал дæр мад, нал дæр фыд, нал - дыууæ æфсымæры, иууылдæр амардысты. Бирæ тæригъæдтæ сарæзтой. Йæ хистæр лæппуйæн дыккаг бон чындзæхсæв хъуамæ уыдаид, уый та тракторыл сбадт æмæ йæ рантъæр-бантъæр кодта. Бæргæ йæ нæ уагътой, фæлæ сæм нæ байхъуыста. Йæ сæры дымгæ зылдис æмæ уыцы стыр тракторы стыр тагъдадæй раскъæр-баскъæр кодта, афтæмæй Илошаты хæдзармæ æввахс трактор афæлдæхт æмæ лæппу йæ быны фæцис. Адæм хъæр кодтой «Амард! Амард!» Йæ дыккаг фырт та ракæй фæрынчын.

Уазæг лæппу сæм бæргæ хъæр кодта «Лæппутæ, æз дæн, уæ хæцæнгæрзтæ иуæрдæм айсут, ма фехсут!» Уæддæр æй фехстой.

Ахæм диссаджы лæппу уыд… нæ цæсты рухс…


_________________________________

«Удæгас мысынад – Хуссар Ирыстон 1991/2008»
Дзыхæйдзургæ историтимæ куыстой
Тома Сухашвили æмæ Саба Цицикашвили
Транскрипт: Мариам Урушадзе


Наш ненаглядный

Бабо Хаташвили, 76 лет
Деревня Клду, Карели

Говорят они со мной, сидят себе на этом, ну на люстре, и говорят. Не соскучишься с ними. Ласточки... В прошлом году разрушила им гнездо, в позапрошлом тоже, а им надо вернуться и заново построить.

Разговаривают, словно люди. Тут несколько семей осталось. Уехали остальные, все уехали.

В те годы многие приехали к нам даже из Дирби (1991-1992). Скот перегнали. Дай бог здоровья моим соседям! Они тоже помогали.

Хозяин вот этого вот дома отдал мне на хранение золото, в полулитровой банке. Вернула все как было, пересчитала все. Прятала в земле от детей, да и от ребят тоже.

Что до нас, мы тоже ездили в Орджоникидзе — поедем и приедем, но многие уехали насовсем. Говорили, мол, грузины напугают.

Козы были у хозяев этого дома. Столько было у них коз, глядишь, зарежут, как будто ни в чем не бывало. А той ночью парень у них гостил, хозяину помогал. Вот и предложил хозяин: ночь на дворе, оставайся, сядем, покушаем чего-нибудь. Боже, какой был парень, какое ружьё в него выстрелило...

Ночью пришли, вооруженные. Скот хотели угнать. Вышел парень, женщин на улицу не пустил, и говорит по-грузински: «Зачем пришли? Меня не узнаете? Не видите меня? Уберите ружья, не стреляйте!» Выстрелили и убили наповал. Такой был парень... Какая мать воспитает другого такого хорошего...

Фамилия того, кто стрелял Тортладзе. Все перемерли у него в семье, никого не осталось, ни мужа, ни жены, ни матери, ни отца, ни двух братьев.  Много они грешили. У старшего сына на второй день должна была быть свадьба, а он, давай разъезжать на тракторе. Говорят ему, не надо, тормоза откажут, а ему все равно. Один ветер в голове, вот и ездит на таком огромном тракторе... Сел да, поехал. Кричат, умер, где-то недалеко от дома Илоши. Перевернулась машина, а он под нее попал. Второй сын раком заболел.

А ведь кричал им, этим Тортладзе: «Парни, это я, уберите ружья!» Выстрелили все ж таки.

Такой был парень, наш ненаглядный...

_________________________________
Из цикла Живая память — Южная Осетия 1991/2008
Над изустными историями работали Тома Сухашвили и Саба Цицикашвили
Транскрипт: Мариам Урушадз



loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა