გახსენით მობილურ აპლიკაციაში
Гъе, ахæм æвзæр хъуыддæгтæ арæзт цыд уыцы рæстæджы. Уый фæстæ ирæттæ амардтой нæ сыхаджы, Рональд Толиашвилийы.
Æз Отъреуы хъæуæй рацæугæ дæн. 90-æм æнусы райдианæй фæстæмæ Цхинвалы цæрын. Мæ ныййарджытæ та хъæуы цардысты. Цардысты хорз, ницы цух уыдысты.
Фыд Александр дзырдта, зæгъгæ, нæ адæмæн Хуыцау баххуыс кæндзæн, фæлæ æз нæ зыдтон, ацы ингæнмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый.
Нæмыджы фæдтæ цы хъуамæ фæуыдаиккой? Хæдзар сцалцæг кодтам æмæ сæ фæдтæ къултыл дæр æмæ рудзгуытыл дæр нал зыныныц. Гуырдзиæгтæ мидæмæ гом дуарæй æхстой.
Галя æмæ Элинæйæн сæ бон нæ бацис судзгæ гаражæй рахизын æмæ тынг басыгъдысты. Уыдоны дæр сыхæгтæм бахастой.
Изæрыгæтты-иу æрæмбырд стæм театры раз биржайы. Ирæттæн дæр уыд биржа, махмæ æввахс, дæс метры дарддæр.
Æз ын дзырд радтон, кæй йæ ракæндзынæн, уымæй, фæлæ, хъыгагæн, мæ дзырд нæ сæххæст кодтон. Дзæуджыхъæуы амард æмæ йæ уым баныгæдтам.
Нæмгуытæ нæ сæрты тахтысты. Арв иууылдæр уыд сырх. Уыд 1989-æм аз. Хорз æй хъуыды кæнын, змæстытæ зымæджы райдыдтой.
Кæд махæн мæрдты бын кæй фестæм, уый руаджы мæлæтæй аирвæзыны фадат уыд, уæд нæ фæстæ цы машинæ цыд, уый бæлццæтæн æппындæр ницы фадат уыд.
Мæ мад цытæ радзырдта, æбуалгъы диссаг та уыдон уыдысты. Нæузæххонты районы, Исахъы уынджы кæрон спырх кодтой гуырдзиæгты танкæтæй дыууæйы.
Мæ чызгимæ æрбаздæхтыстæм Цхинвалмæ, фæлæ контролон уадзæн пунктмæ куы бахæццæ стæм, уæд кæсæм, æмæ гуырдзиæгтæ горæт ныууагътой æмæ рацыдысты.
Ирæттæ амардтой гуырдзиаджы. Уый фæстæ загътой, зæгъгæ, дам, ироны гуырдзиæгтæ амардтой. Афтæмæй райдыдтой барæй арæзт змæстытæ.
«Зæгъ ма, уæ зæрдæмæ цæуы асфальт? Нал уæ фæнды уæ хæдзæрттæм аздæхын?», - разылд ме ‘рдæм лæппу былысчъилæй.
Мæ царды фыццаг хатт тас бавзæрстон, фондз азы мыл куы цыд, уæд. Уый уыд 1989 азы 23 ноябры изæры. Уыцы бон Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн ссис мысынады бон.
Мæ хæдзарæй зынд горæтмæ æрбацæуæн. Райсомæй мах федтам «Икарус» автобусты колоннæ. Æз уайтагъд ацыдтæн ме ‘мбалмæ, мæ автомат уыдонмæ æвæрд уыд.
Æз горæтмæ æрцыдтæн. Хиды цур, турбазæйы фарсмæ æрæмбырд бирæ адæм. Уым уыдысты нæ хъæуккæгтæ дæр æмæ горæты цæрджытæ дæр.
1988 азы мæ хойæн йæ лæппу фæзиан. Цыд ыл 28 азы. Ацыд Свердловскмæ йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй æмæ йæ уырдыгæй мардæй æрластой.
2008 азы фæндзæм августæй фæстæмæ æдзухæй æхстытæ уыд. Æгæрыстæмæй сыхæгтæн дæр дзырдтон, цæмæй ныккæндмæ ныххизæм æмæ йæ бафснайæм, уæд та нæ уым бадыны сæр бахъуыд.
Уыд мын æртæ сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Алы хатт дæр бæллыдтæн, цæмæй мæ сывæллæттæ уæлдæр ахуырад райстаиккой.
Уæд æз скъолайы ахуыр кодтон. Æвдæм январы фæндæгты æрæхгæдтой æмæ райдыдтой змæстытæ.
Мæнæ уыцы хæдзары хицау мæм æвæрынмæ радта сыгъзæринтæ æрдæглитруат банкæйы. Иууылдæр ын сæ фæстæмæ радтон, нымадæй. Сыджыты сæ бамбæхстон сывæллæттæй æмæ лæппутæй дæр.
1989 азы, змæстытæ куы райдыдтой, уæд ын æз зыдтон йæ фæстиуджытæ. Æз æй зыдтон, цы у тас, æвадат уавæр, туг, мæлæт.
Иу хатт хæдзарæй рахызтæн æмæ уынын, иу сылгоймаг постайæ раздæхт æмæ дзуры, Знауыры хъæуы, дам, гуырдзиаг скъолайы басыгътой.
1991 азы декабры машинæйыл фылдæрæй æрбацыдысты, мæ фыдæн кæрты цы уыд, уыдон иууылдæр ныппырх кодтой, мæ мад æмæ мын мæ фыдыфсымæры та нæмгæ фæкодтой.
Мæ хъæу Ксуис у, Цхинвалы район. Æз уым райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, мой дæр уым скодтон. Ис мын фондз сывæллоны.
8 сахат. Æхстытæ райдыдтой. Мæхицæй не ‘ппæлдзынæн. Автоматы хъæлæба зынтæй фæразын. Архайын мæхи бахъахъхъæныныл – мæ мады уаты ныууагътон, афтæ тынг маст кодта…
სულ: შედეგი
შედეგი არ მოიძებნა, სცადეთ თავიდან
ელ.ფოსტა ან პაროლი არასწორია
გთხოვთ ჩაწეროთ დადასტურების კოდი, რომელიც გამოიგზავნა თქვენს ელ-პოსტის მისამართზე :
უკაცრავად დაფიქსირდა შეცდომა
კოდი გაიგზავნა წარმატებით. გთხოვთ შეამოწმოთ "სპამ" ფოლდერი.
დარჩენილი რაოდენობა: