Бесо Доиашвили, 65-аздзыд, гуырдзиаг милицийы капитан
13.05.2021 | 15 წუთიანი საკითხავი02-03.1991, Цхинвал
[Сæйраг тексты мидæг æндæр шрифтæй цы фрагменттæ сты мыхуыргонд, уыдон сты хæстоны боныгæй скъуыддзæгтæ. Интервью фыст æрцыд 2020 азы]
О, ныртæккæ загътон, мæнæн алцы дæр фыст кæй у. Мах уырдæм фæцæйцыдыстæм æмæ чидæртæ цыдæртæ фыстой. Уæдæ æз дæр уыцы хъуыддагмæ æрæвнæлдтон. Хъуыды кодтон: «30 азы рацæудзæн æмæ мæнæн мæ бон æрхъуыды кæнын нал уыдзæн». Абон у 1991 азы 28 февраль.
Мæн арвыстой дыккаг постмæ. Мах стæм æртæйæ. Лæууæм. Архайд цæуы Цхинвалы зындгонд ресторантæй сæ иуы. Бельэтаж, мæ хæдзар куыд у, афтæ, цалдæр къæпхæнимæ асин… Мах - Кутаисæй, Рустауæй, Къахетæй æмæ æндæр рæттæй милицийы кусджыты арвыстой уырдæм. Рахицæн нын кодтой хатæнтæ, чысылтæ нæ уыдысты. Уым фынæй кæндзыстæм. О, æддейæ ресторан тынг рæсугъд у, мæ зæрдыл мын æрлæууын кæны мæ хæдзары. Мæн снысан кодтой посты командирæй, æнæхъæн æхсæвæн мын радтой 500 нæмыджы.
8 сахат. Æхстытæ райдыдтой. Мæхицæй не ‘ппæлдзынæн. Автоматы хъæлæба зынтæй фæразын. Архайын мæхи бахъахъхъæныныл – мæ мады уаты ныууагътон, афтæ тынг маст кодта…
Æхсæвы радгæс дæн, дыууæ сахатæй аст сахатмæ.
Цхинвалы дæллаг хайæ ахæм æхст кæнынц, æмæ мæ сæррамæ бирæ нал хъæуы. Рудзгуытæ иууылдæр ныххуынчъытæ сты, электроны цырæгътæ мæ сæрыл згъæлынц. Снайперы нæмыг цæджындзыл сæмбæлд. Йæ хъус мæм ничи æрдардта. Коба, нæ снайпер дæр уæд фæцæф æмæ иууылдæр уымæ балыгъдысты. Æз та мæнæ ацы боныджы мæхицæн цыдæртæ фыссын.
Фыццаг март
Æмбисæхсæв. Цхинвалæй рауагътой ракетæ. Уый сæмбæлд базальтон асиныл, йе схъистæ сæмбæлдысты рудзынгыл. Æррадон…
Фыццаг хатт уырдæм æрцыдтæн 20-æм январы.
Уый размæ дæр-иу æрцыдысты Националон змæлды адæм æмæ-иу уагътой митингтæ. Никæй зæрдæмæ цæуы агрессивон уагахаст, нæдæр хæдзары æмæ нæдæр æддейæ. Нæформалтæ дæр ахъазыдысты æппæрццаг ролы, зæгъæм æй, сæхи хорз нæ дардтой, загъдкъахæн митæ кодтой.
Уыцы рæстæджы мæныл сæххæст 35 азы. Цхинвалы нæ бакодтой милицийы хайадмæ, зæгъгæ, дам, хъахъхъæнут æхсæнадон фæтк, чысыл дарддæр та лæууыдысты уырыссæгты бронетранспортертæ æмæ уырыссаг хæстонтæ. 8-æм январы уыдон уым лæууыдысты. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд ирæттæ нæ ныхмæ нæ фæлæууыдаиккой æмæ изæрмæ нæ хъуыддаг сарæзтаиккам. Искуы-иу уавæр куы скарз, уæд-иу уадидæгæн уырыссæгты бронетранспортер уым февзæрд. Махæн дæр ма-иу цы гæнæн уыд? Нæ къухтыл-иу схæцыдыстæм. Уыдон махæн нæ фæтæригъæд кодтаиккой.
12:20
Кæсын, æмæ цыдæр экстремист махæрдæм æрбабыры. Куыд уынын, афтæмæй мæ бахъæудзæн лæгмары тæригъæд райсыны сæр, фæлæ рæстæг ивазын, тæрсын адæймаг амарынæй. Ныхъавыдтæн æм, фæлæ фехсын мæ бон нæу… Фехстон æмæ уый хъæр кæнын райдыдта. Афтæ мæм кæсы, цыма зæххыл хауд у.
Амард экстремист. Йе ‘мбæлттæ йæм балыгъдысты æмæ йæ рагъыл бынмæ ахастой.
Бонæй уыцы бынатмæ бацыдтæн. Алырæтты уыд йæ туг.
Тоталон хæст дæр нæ уыд, ахæмæй дæр дзы ницы уыд, фæлæ æдзухæй дæр кодтой æхсгæ. Мæ рæстæджы фæмард сты Калинины (ныры Мтацъминда) районон хайады дыууæ слестгæнæджы – Чипашвили æмæ Кирия. Уыдон хидыл спырх сты. Уыдоны размæ та снайперы нæмыгæй фæмард Кевлишвили.
Раст зæгъгæйæ, тынг агрессивон тохтæ цыд горæты астæу. Æхстой уæлмæрдты æрдыгæй дæр. Мах, милицийы цалдæр хайы æмæ афгайнаг хæсты цалдæр ветераны цы рестораны уыдыстæм, уый ныппырх. Афганистаны чи хæцыд, уыдон хорз цæттæ уыдысты. Уыдон уыдысты æцæг патриоттæ æмæ сæ ницы урæдта. Мхедрионийы адæм хæцыдысты, æви нæ, уый тыххæй æз æппындæр ницы фехъуыстон. Рæстæг сын нæ уыд, æви… Цасдæры фæстæ уый дæр æндæргъуызон уыд.
Мæрдты-иу алы хатт дæр семæ ахастой. Бирæты дзы нæ снайпер - Самтредиайаг лæппу фехста… Йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын.
Уыдоны снайперы нæмыг сæмбæлд кутаисаг лæппуйы къухыл. Мæнæн мемæ уыд цыппар фындзсæрфæны. Систон сæ æмæ йын уыдонæй бабастон йæ къух. Æхсын райдыдтой æндæр фарсы æрæрдыгæй. Мах нæ автоматтæм фæлæбурдтам æмæ лидзынмæ фестæм.
Тагъд кæнын. Мæ жилет скодтон æмæ иннæтæм ацыдтæн. Дуарыл ауыгъд уыд хъæццул. Дуары онг мæ бацæуын хъуыд, æрмæстдæр, æртæ метры, фæлæ кæсын æмæ æстдæс нæмыджы сæмбæлдысты хъæццулыл. Мæ бынаты дурдзавдæй лæугæйæ баззадтæн. Рустауаг лæппу мæ иннæрдæм аппæрста.
О, æз фыр хъуамæ аргæвдон. Æвæццæгæн мын мæ мады куывдтытæ баххуыс кодтой… Азылдтæн æмæ сынтæгыл æрхуыссыдтæн, тынг тарстæй.
Хъуыды йæ кæнын, Цхинвалмæ куы цыдыстæм, уæд нæ управленийы фæдзæхстой, зæгъгæ, дам, иу æртахдæр алкоголь ма нуазут, фæлæ бынатмæ куы ныххæццæ стæм, уæд нæм алцы дæр уыд, водка дæр æмæ спирт дæр… Уым алчидæр нуæзта. Мах хæцгæ хъуамæ кодтаиккам, хæсты та водка æххуыс кæны. Баназдзынæ æмæ дæ цы фæнды, уый сараздзынæ.
Æнæ нозтæй æдзух тæрсгæ кæныс. Хæдзары дæ бон у хъал митæ кæнын, ам та æдзухдæр цæмæйдæр тæрсыс. Чидæр кæнæ водка баназдзæн, кæнæ – спирт æмæ ныхъхъæр кæндзæн: «Размæ!» Афтæмæй лыгъдыстæм размæ кæрæдзийы фæдыл. Нозт нæ ныфсджын кодта.
Байхъус ма … Иу хатт нæм æрбацыдысты сывæллæттæ, хистæркъласонтæ, Гуры районы кæцыдæр хъæуæй. Сæ ронбастæй зынынц цыдæр æнæбары хæцæнгæрзтæ. Дзурынц нын «Бархионтæ» дам, стæм.
Нæ хъустыл не ‘ууæндæм, хъуыды кæнæм, æвæццæгæн нæм чидæр барæй æрбарвыста сывæллæтты. Комендант мæ сæ бакодтам. Уым баййæфтам штабы хистæры. Комендант сывæллæттимæ аныхас кодта, сæ хæцæнгæрзты сын райста, сейфы сæ нывæрдта, уыдонмæ та радта чысыл автоматтæ, регистраци сæ не скодта, афтæмæй. Загъта: «Мæнæ адон сты нæ ирвæзынгæнджытæ, мæнæ нæ ахæм фæсивæд хъуамæ фервæзын кæной!»
Хатæнæй сывæллæттæ куы рахызтысты, уæд нæм комендант раздæхт æмæ нæ бафæдзæхста, цæмæй сæ нæ фарсмæ дарæм, тохмæ сæ ма уадзæм, зæгъгæ, куыдфæндыйæ дæр сывæллæтты мæлæтæй хъуамæ бахъахъхъæнæм, Уыдон амарыны фадат макæмæн радтæм. Мах дæр сæ нæ цурæй иу къахдзæф æддæдæр нæ уагътам, æрмæст дæр сын цума кодтам. Уый æрбахæсс… Уый ахæсс…
Изæрыгæтты-иу операцимæ куы хызтыстæм дард рæттæм, æмæ-иу сывæллæтты немæ куынæ ауагътам, уæд-иу уыдон дзырдтой: «Уый гæнæн куыд ис? Уемæ нæ акæнут!» Æргомæй сын куыд хъуамæ загътаиккам, нырма сывæллæттæ кæй сты, æмæ сæ немæ куы акæнæм, уæд нын проблемæтæ кæй уыдзæн.
Æртыккаг бон нæм æрбацыд сывæллæттæй иуы фыдыфсымæр. Дзырдта, тых æмæ дам фыдæй æрбацыдтæн, контролон пункты, дам, мæ нæ уагътой. Загъта нын, зæгъгæ, йе’фсымæры лæппу æмæ йе ‘мкъласоны тыххæй æрбацыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон хæдзæрттæй сусæгæй ралыгъдысты.
Сывæллæтты цæуын нæ фæндыд, фæлæ сæ тыхамæлттæй арвыстам. Сæ автоматтæ сын райстам, сæхи хæцæнгæрзтæ сын радтам, æмæ сæ раппæлыдыстæм, зæгъгæ, тохы быдыры уæвын дæр чысыл хъуыддаг нæу, афтæмæй сæ арвыстам.
Нæ смена дæр æрбацыдысты æмæ мах дæр уырдыгæй рацыдыстæм. Къæбæр ахæрыны охыл Мцхетайы иу хæрæндонмæ бацыдыстæм. Кæсын æмæ хæрæндон йемыдзаг у адæмæй. Мах ахъуыды кодтам, зæгъ, вæццæгæн уым хæсты тыххæй дзырынц, фæлæ нæйы… уыдонæн Цхинвал сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Бадтысты æмæ цæл кодтой. Махæн та не ‘мбæлттæй цалдæрæй удæгас нал уыдысты… хæсты фæмард сты, мах дæр иууылдæр уыдыстæм фæлмæцыд. Цæлгæнджыты уагахаст нæм хъыг фæкаст æмæ не ‘хсæн хыл рауад…
Ацы хъуыддаджы алчи дæр иу зондыл хæст хъуамæ уаит, фæлæ … Уым полици æмæ æфсæддонтæ ахæм уавæры сты, адæм сæфынц, адон та нæ цæсты раз рестораны минас кæнынц. Уымæй цы хъуамæ рауайа?
Æмæ та абон дæр 28 февраль. Куыд кæсын, афтæмæй-иу алы хатт дæр иу боны фыстон.
Ацы ракетæтæ цыма трубатæ сты. Фæстейæ сыл ауыгъд ис цæгтæ. Сæ хуылфы ис хилдасæны хуызæн цыргъ пластинкæтæ, уыдзысты 55-ы бæрц. Фезмæлдзынæ æмæ дзыгъал-мыгъул райдайынц, фехсдзынæ æмæ спырх уыдзæн, æртиссæдз адæймаджы хæрдмæ стæхдзысты.
Ракетæ асиныл сæмбæлд, йе схъистæ та мидæмæ батахтысты.
Мадмæ хъуыд хъусын. Куы цыдтæн, уæд цыма цæуыл хъуыды кодтон?Æз сынтæгæй рахаудтæн æмæ уыцы рæстæджы мæ автомат дæр фехста. Уыцы рестораны скъапп иууылдæр уыд хынчъытæ. Кинойы куыд вæййы, афтæ. Табу Хуыцауæн, чысыл водка анызтон, æндæра сæрра уыдаин. хорз у æмæ удæгас баззадтæн, тынг мын атылд. 12 адæймаджы фæцæф сты. Иууылдæр пырхæнты бын фесты – лимонка спырх. Паркеты фæйнæджытæ мæ уæлæ æркалдысты. Чердæм алидзон, уый нал зонын.
Æхсæвы 2 сахат. Нæзыты цур мæ посты слæууын кодтой. Загътой мын, нæзыджын хъæды, дам, дæ амонд у. Æз та мæ мад æмæ мæ фыдыл мæт кæнын. Куы амæлон, уæд сæ мæ мæлæт сæ дыууæйы дæр мæрдтæм арвитдзæн.
Кæсæм æмæ экстремисттæ махæй ссæдз метры дарддæр лæууынц. Уыдон æввахсæй æввахсдæр кæнынц. Не ‘хсæн ис фынддæс метры, дæс метры. Бон æрбарухс . æртæ марды зæххыл хуысынц. Дзурынц нæм, цæмæй сын радтæм сæ мæрдты. Нæхæдæг, дам, бацæудзыстæм æмæ сæ рахæсдзыстæм. Уый фæстæ сæм бахатыдыстæм, цæмæй сæ баивæм, мах мæрдтыл. Ахæм бадзырдтæ-иу уыдис боныгон. Горæты адæм кæй баззад, уый тыххæй бадзырдтам, цæмæй боныгон ма æхсæм.
Фæлæ уыцы æхсæв амардтой Бодбейаг лæппуйы. Ракетæ йыл куы сæмбæлд, уыцы рæстæджы голджытыл хуыссыд. Ракетæ йæ хæрдмæ фехста, æмæ зæххыл куы æрхауд, уæд уыд мард. Нæ бронетранспортеры æрбатардтам æмæ йыл уыцы лæппуйы мард буар сæвæрдтам. Ныскъуыдтæ йæ кодта, йæ тъæнгты сисын нæ бон нæ уыд, нæ къухтæй бырыдысты. Марды уæлæ йæ тъæнгты æвæрдтам ссæдз минуты бæрц. Уыцы бон мах тынг агрессивон уыдыстæм. Снайперæн бахæс кодтам, цæмæй мард æвæрæн бон знæгтæй искæй амара. Уый фæтарст æмæ нын дзуры, цытæ, дам, дзурут, куыд ис афтæ гæнæн. Уæд ын мах загътам: «Куынæ фехсай, уæд уый нысан кæны, æмæ дæ балхæдтой».
Нæ кæнон акодтам. Лæппу хæцæнгарз систа æмæ йæ сабыргай ифтындзын райдыдта. Цхинвалы центры ис хист. Боны дыууæ сахат.
Махæй нæ иу кæсы биноклæй, кæсы æмæ хъуыды кæны, куыд æмæ цы уыдзæн, ууыл. Рацыд ссæдз минуты æмæ нæ снайпер гуым-гуым кæны, ома, дам, амардта шляпаджын нæлгоймаджы, лæг, дам, иуырдæм ахауд, йæ шляпа та – иннæрдæм. Биноклджын дзуры, зæгъгæ, дам, лæгтæ марды чырын æрæппæрстой æмæ лидзынмæ фесты. Снайперæн йе уæхск æрхостам æмæ дзы раппæлыдыстæм. Уый лæг амардта, мах та цин кæнæм.
Диссæгтæ цыд уыцы æхсæв. Алырдыгæйты нæм райдыдтой бырсын мæсты ирæттæ. Бонæй сæ иу адæймаджы амардтам мардæвæрыны рæстæджы.
Иунæг гæххæтты сыф дæр мæм нал баззад. Цы саразон, уый нæ зонын. Æрдуйыл ауыгъд у мæ цард.
Ракетæ спырх æмæ 17 адæймаджы зæххмæ æрхаудтой, се ‘хсæн 11 цæфы. Мæныл ницы ‘рцыд. Бæрæг у, мæ мады куывдтытæ та мын баххуыс кодтой. Æхсынц интенсивонæй. 150 адæймаджы бæрц экстремисттæ нæм 80 метрмæ æрбаввахс сты. Бæстыхай пырх кæны æмæ кæдæм алидзон, уый æз нæ зонын. Фæцæф БТР-ы скъæрæг Гоча Арчвадзе дæр.
Табу Хуыцауæн, аназын мын бантыст. Æрвонгæй ахæм ныв уынын тынг зын у. Бронетранспортерыл æрбаластой дыууæ мард ироны. Иуæн йæ ных фæкъуынкъ кодтой. Асиныл сæ æрæппæрстой æмæ æнхъæлмæ кæсынц, бадзырдты тыххæй сæм Цхинвалæй кæд æрбацæудзысты.
Махмæ иу снайпер уыд уацары. Уымæн нæ уыд иу къухы армы тъæпæн. Ирæттæм та уыд нæ хъæусоветы сæрдар. Уацайрæгты баивтам, фæлæ уыдон хъæусоветы сæрдары афтæ фæнадтой, æмæ дыууæ къуырийы фæстæ амард. Се снайпер та ныр дæр удæгас у.
Куынæ сæ баивтаиккам, уæд, æвæццæгæн, мах амардтаиккам снайперы.
Февралы мæйы онг махæй фæмард 85 адæймаджы. Уæд нæ министр Дилар Хабулианы уыд. Уый Звиадæн загъта, зæгъгæ, ныридæгæн махуæттæй фæмард 85 адæймаджы. Уыдонæн та Уæрæсе æххуыс кодта æмæ сыл мах ныцы хуызы фæтых уыдаиккам. Дилар домдта, цæмæй мах, гуырдзиæгтæ, ацыдаиккам, æмæ куыд уыд, æппæт дæр афтæ ныууагътаиккам. Звиад ын загъта, зæгъгæ, дзы тæссагæй æппындæр ницы ис, афтæмæй милици йæ тæригъæддзинæдтæ æргом кæны. Æдылы ныхæстæ загъта. Уыцы ныхæстæ йын тынг зынаргъ слæууыдысты. 22 декабры Тбилисы хæст куы райдыдта, уæд фæдзырдтой Калинины районмæ, цæмæй дæс хайады дæр æрбацæуой парламентмæ æмæ бахъахъхъæной президенты. Куы иумæ фæдзурынц, куы – иннæмæ, фæлæ… Уырдæм ацæуын æппындæр кæй никæй фæнды, уый æмбæрстгонд уыд. Гъе, афтæ уыд хъуыддаг. Домдтой Звиады бафæрсын, милици цы тæригъæддзинæдтæ æргом кодта, уымæй. Алы дæлхайы дæр 150 адæймаджы куы уыд, алкæмæ дæр – автомат. Минимум 1500 адæймаджы рацыдаиккой æмæ, гæнæн уыд, Тбилисы хæстæн уыдаид æндæр фæстиуæг.
Ногæй та æхсынц. Кæцæй сæм ис уыйас хæцæнгарз, уыцы куыдзы фырттæн. Ницы хъусын. Комкоммæ мах æхсынц. Уый пулемет у.
1-æм март. О, Хуыцау, куыд æвзæрæй æмбæлæм ацы уалдзæгыл…
11 адæймаджы скондæй къорд лæууы комкоммæ нæ позицийы ныхмæ. мах æхсæзæй стæм. Нæ йæ зонынц, мах сæм кæй кæсæм. Миты нæ зынынц – сæ уæлæ ис урс спецовкæтæ. Æхсæм æмæ сæ æртæйы марæм. Уыдон мæрдты къæхтыл фæхæцыдысты æмæ сæ дæлæмæ аластой. Нæмыг мын мæ сæрæй мæ каска æмæ мæ худ аппæрста. Ме ‘мбал сæ зæххæй систа æмæ мæм сæ радта æмæ мын афтæ зæгъы: «Ды тынг амондджын дæ!»
Нæ корпусæй, æз бæстыхайы кой кæнын, ницыуал баззад, иууылдæр ныппырх. Æз ацыдтæн 3-æм марты. Мæнæ батумаг æмæ кутаисаг лæппутæ фæхыл сты, кæрæдзи æхстой. Мæн бахъуыд уыдон баиргъæвыны сæр.
Уыдонæй сæ иу мæ хорз хæлар у. Куы мæ федта, уæд иуварс ацыд. Хъæр мæм кæны: «Бесо, мæ зынагъ…» Куыд рабæрæг, афтæмæй полицийы сборты иумæ уыдыстæм.
Æз лæууын змисæй йедзыг голладжы цур, æмæ нæ уыцы рæстæджы снайпер фехста. Нæмыг голлагыл сæмбæлд,æмæ змис мæ цæстыты бакалд Мæ амондæн ныр æцæгæйдæр аирвæзтæн. Чи йæ зоны, цал хатты ма аирвæздзынæн? Дж. Вахойæн фесты йæ нæмгуытæ. Æддейæ хъæр кæны, Бесо, дæ нæмгуытæ, дам, мын радт… Ахæм хæстон, ахæм лæппу, æддаг бакастæй дæр Ален Делоны хуызæн… фæцæф æй кодтой. Æз рудзынгæй рабырыдтæн, фæлæ тынг фæрæдыдтæн. Куыд уыд афтæ саразæн? Корпусы фæстейæ нæ ирæттæ æхсын райдыдтой. Мæн бахъуыд мæ дзыппæй хæцæнгарз сисыны сæр æмæ сæ æхсын райдыдтон. Æхсæз æхст фæкодтон. Мæхи цæстытæй федтон, уыцы ирон асиныл куыд æрхауд. Афтæ тынг фæцин кодтон, чысыл ма бахъæуа, мæ зæрдæ атона.
Зæгъ ма, уый куыд у, æмæ адæймаг амард, ды та цин кæныс? Мæ фыстытæ кæсын æмæ мæм афтæ кæсы, цыма сæ æз нæ фыстон. Ахæм цыдæртæ фыссын мæ бон куыд уыд?
Хъæр кæнын: «Лæппутæ, иу диск мæм уæддæр радтут, æндæра амæлдзынæн!» Хуыцау ын æххуысгæнæг уæт, Кутаисæй цы лæппу уыд, уымæн… БТР-æй фехста æмæ ирæттæ алыгъдысты уæлмæрдты ‘рдæм.
Мæ цæрæнбонты мæхиуыл дзуар никуы бафтыдтон, фæлæ ныр æрбадтæн æмæ мæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтон. Зенитон пулеметы бынæй дуртæ хауынц. Мæ бон фыссын нал у, бафæлладтæн, фæлæ ахæм цыдæртæ æрцыд, æмæ сæ æз хъуамæ ныффыссон, ахæм цау царды иу хатт вæййы, кæнæ æппындæр нæ вæййы.
Ныр у æхсæвы æртæ сахаты. Æз лæууын дыккаг постыл. Мах стæм цыппарæй. Автоматтæй стæм ифтонг. Рацийæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ кæрæдзийы æлгъитынц. Ныртæккæ æз фысгæ кæнын, æртæсæдæ метры дæрддзæгæн та дыууæуæладзыгон хæдзар судзы. Райдыдтой æхстытæ. Æртæ чысыл сывæллоны басыгъдысты хæдзары, æртæ дæр чызджытæ. Мæ цæстыты раз сын нæ лæппутæ рахастой сæ сыгъд буæрттæ. Уыцы ныв мыл тынг бандæвта, мæ нуæрттæ фæцæйтыдтой…
Тæрсын, мæ зонд куы фæхæццæ уа, уымæй. Махуæттæ пулеметæй æхсынц. Ададжы ‘рдæм алыгъдысты. Гиви Ш. фæцæф. Мах стæм аст адæймаджы. Иууылдæр хуыссæм, уый мæм хъæр кæны: «Бесо, баххуыс мын кæн! Бинт ма мæм радæтт!»
Йæ фæстæ хæххыты хуызæн тугæйдзаг фæд уадзы асфальтыл. Мæ нуæрттæ нал уромын. Вахо Г. мын мæ автомат райста æмæ уæлмæрды ‘рдæм алыгъд. Йæ фыдыфсымæры лæппу… йæ фыдыфсымæры лæппу… цæсгомы хуыз ыл нал ис, ныффæлурс. Кæдæм лидзы, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Фыссын мæ нал фæнды, фæлæ хъæуы фыссын, цытæ уынын, уыдон тыххæй, хъæуы æнæмæнгдæр. Иууылдæр фыссынц. Диссаджы хъуыддæгтæ цæуы. Вахо мæм дзуры, цæмæй йæм автомат бахæссон. Дыууæ дискы дæр афтид сты. нæ командирмæ дзурын, цæмæй нæмгуытæ рахæсса, уый тыххæй. Мæныл жилет нæй æмæ мæ бон уынгмæ рахизын нæу. æхсынц… Талынг кæны. Талынджы ницы ‘взарын, фæлæ мæ фыссын фæнды. Хатæнмæ æрбахызтысты дыууæ рæсугъд чызджы, уацхæсджытæ Батумæй, мæ ном мын фыссынц. Æз ницы уынын. Райдыдтой интенсивон æхстытæ. Лæппутæ полыл æрхуыссыдысты. Ай цæй зындон у…
Æхсæз хатты мæ бахъуыд схизын æмæ æрхизыны сæр. 1991 азы Цхинвалы адæмæн хæринаг ницыуал уыд. Фæндæгтæ иууылдæр уыдысты æхгæд, дыууæрдыгæй дæр лæууыдысты гуырдзиаг посттæ. Ирæттæ æххормаг æййæфтой бирæ рæстæджы дæргъы, фæлæ та сын уырысæгтæ баххуыс кодтой, Ручъы тъунелы æрдыгæй æрластой хæлцадон продукттæ. Махмæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ та ноджыдæр уырыссæгтæ æрцыдысты æххуысмæ.
Лæппутæ кæсынц уæлейæ бирæгътау – æнæхъæн Гуырдзыстон базыдтой, ирæттæ уæйгæнджытæ кæй сты, уый.
Баталынг. Архайын цырддæр фыссыныл, хъуамæ сæ фыст фæуон. Мах стæм 45 адæймаджы. Уæлмæрдыл уæлæмæ фæцæуæм. Цæуæм æмæ æхсæм. Гæнæн ис, ам амæлай æмæ дæ бынтондæр мачи базона. Мæныл ис жилет. Æртæ нæмыджы мыл сæмбæлд, дардæй æхстой. Нæ мæ хъæуы уый тыххæй фыссын, фæлæ ма фыссон, уый мæ бон нæу. О, никæмæн сæ бакæсын кæндзынæн, мæхицæн сæ нывæрдзынæн. Райсоммæ æхсгæ кодтон. Мæнæ уый у мæ фæстаг фыстæг.
14 адæймагæй цæуæм Тбилисмæ. Æрцыд нæм чысыл бур автобус. Лæппутæ æнкъард кæнынц. Уыдон иууылдæр хорз лæппутæ сты. Æз нæ хъуыды кодтон, гуырдзиаг милиционертæ ахæм æхсарджын адæм сты. Лæппутæ, Хуыцау уын æххуыс кæнæт!
Рахызтæн уыцы æлгъыстаджы раздæры ресторанæй, кæсын æмæ алырæтты нæмыджы фæдтæ, иууылдæр пырхæнтæ. Мæ зæрдæ риссы, ам Р.К.-йы цæфæй кæй уадзын, уый тыххæй. Мах æй аластам Тхъвиавы рынчындонмæ. Снайпер ын йæ къахтæ фехста. Ахæм хорз лæппу у, æмæ диссаг. Автобусмæ фæхизын мæ цæссыгтæ калгæйæ. Дысон мæ йæ бушлатæй бамбæрзта рагон хæларау. Раст зæгъгæйæ, мæ психика йæ уагыл нал у. Нæйы, æфсымæр, æз ма ардæм æрцæудзынæн? Кæд хъуыддæгтæ тынг æвзæр уой, æрмæстдæр, уæд…
Респонденты домæнмæ гæсгæ тексты кæй кой ис, уыдоны мыггæгтæ æргом не сты.
Текст: Нино Ломадзейы
Транскрипт: Анна Сургуладзе, Марта Меликидзе
Къам: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевичы архивæй.
Дневники войны
02-03.1991, Цхинвали
Бесо Доиашвили, 65 лет, капитан грузинской милиции
[Фрагменты набранные отличным от основного текста шрифтом, являются отрывками из дневника воина. Интервью записано в 2020 году]
Да, только-что сказал, что все у меня записано. Ездили мы туда и кое-кто записи вел. Так и я взялся за это дело. Думал: «Пройдут 30 лет, а я толком ничего вспомнить не смогу». Вот, 28 февраля 1991 года.
Меня распределили на второй пост. Нас трое. Стоим. Действие происходит в одном из известных Цхинвальских ресторанов. Бельэтаж, как мой дома, всего несколько ступенек... Туда нас распределили, милицейских из Кутаиси, Рустави, Кахетии и других. Комнаты нам выделили, немаленькие. Будем там спать.
Да, снаружи ресторан очень красивый, мой дом напоминает. Назначили меня командиром поста и дали 500 пуль на всю ночь.
8 часов. Началась стрельба. Не буду душой кривить, плохо на меня действует звук автомата. Стараюсь беречь себя – мать в постели оставил, так переживала.
Я ночью дежурю, с двух до восьми.
1 марта
Я в первый раз туда приехал 20 января.
Люди из национального движения до того тоже приезжали и проводили митинги. Никому не приятен агрессивный тон, ни дома ни на улице. Неформалы тоже сыграли свою неположительную роль, ну, вели себя как поджигатели, что ли.
В то время мне уже исполнилось 35 лет. В Цхинвали нас привели в отделение милиции, мол, будите общественный порядок защищать, а неподалеку стояли русские бронетранспортеры и русские военнослужащие. 8-го числа они уже там были. Без них осетины не смогли бы оказать нам сопротивления и до вечера мы бы довели дело до конца. Обострится где-нибудь ситуация и тут как тут появится русский бронетранспортер, а нам ничего не остается делать, кроме того как поднимать руки. Не пощадили бы они нас.
Умирает экстремист. Подбегают к нему соратники и уносят вниз по склону.
Не было ни тотальной войны ни чего-либо такого, но стреляли постоянно. В мое время погибли два следователя Калининского [нынешний Мтацминда], Чипашвили и Кирия. Они на мосту взорвались, а до них снайперская пуля убила Кевлишвили.
Уж очень агрессивные бои велись прямо посреди города. Стреляли со стороны кладбища. Ресторан, в котором находились мы, несколько частей советской милиции и взвод ветеранов афганской войны, превратился в руины. У тех, кто воевал в Афганистане, была очень хорошая подготовка. Они были настоящими патриотами и на все шли. Ничего не слышал я о том, как там воевали мхедрионцы. Привиться не успели что ли... Со временем и это было по-другому.
Убитых они всегда с собой уносили. Многих как раз в такой момент пристрелил наш снайпер, Самтредский парень... Не помню его фамилию.
Пуля их снайпера разорвала левую руку одному парню из Кутаиси. У меня с собой было четыре платка. Достал платки и перевязал ему руку. Начали стрелять с другой стороны. Схватились все за автоматы и давай бежать.
Спешу. Надел жилет и пошел за остальными. В дверях висит одеяло. Все три метра надо пройти до дверей и вот, восемнадцать пуль в одеяло попадают. Стою как вкопанный. Парень из Рустави швырнул меня в другую сторону.
Да, я баран должен зарезать. Может материнская молитва спасла... Повернулся и прилег на кровать, весь перепуганный.
Помню, до отъезда нас инструктировали в управлении, мол, капли в рот не берите, но когда мы туда приехали, у нас было все, и водка и спирт... Все там пили. Мы должны были воевать, а водка на войне помогает – выпьешь и пойдешь на что хочешь.
Без выпивки все время боишься. У себя дома легко храбриться, а там все время чего-то боишься. Выпьет кто-то водку или спирт и крикнет: «Вперед!» Так и бежали один за другим. Выпивка бодрость придавала.
Вот, послушай... приходят однажды дети, старшеклассники из какой-то деревни Горского района. Обрезы у обеих торчат из-под ремней. Говорят: «Мы добровольцы».
Ушам своим не верим, думаем, ни подослали ли кто детей. Повели к коменданту. Начальник штаба был у него. Поговорил с ними комендант, забрал ружья, спрятал их в сейфе и дал мальчикам какие-то маленькие автоматы, не сделав никакой записи. Сказал: "Вот кто нас спасет, вот такая вот молодежь должна нас спасти!" Когда ребята вышли из помещения, повернулся комендант и предупредил нас вполголоса, чтобы их рядом с собой держали и в бой не пускали, мол, не позволяйте никому парней убивать. Вот и мы не отпускали их ни на шаг от себя – принеси то, принеси се... По вечерам, когда мы выходили на операцию, далеко, а их с собой не брали, парни злились, говорили: «Как же так? Берите нас с собой!» А ведь в открытую никак не скажешь, что дети они и из-за них у нас хлопоты будут.
На третий день к нам пришел дядя одного из мальчиков. Говорил, что еле-еле до нас добрался, что на контрольном пункте ему не давали пройти. Сказал, что за племянником и его одноклассником приехал. Оказалось, что парни тайком из дома сбежали. Еле-еле их выпихнули – не хотели уходить. Отобрали у них автоматы, вернули ружья и похвалили, мол, побывать на поле боя тоже немаленькое дело.
Приехала наша смена и мы ушли оттуда. Зашли перекусить в одно заведение во Мцхета. Вижу, закусочная битком набита. Мы подумали, что все там о войне говорили, но нет... Кто там о Цхинвали помнил? Просто кутили люди, а нескольких из наших парней уже в живых нет и мы все издерганные. Получилась драка.
У всех должен быть один настрой. Полиция и военные там через такое проходят, люди пропадают, а эти кутят в ресторане, у тебя на глазах. Что из этого может получится?
Вот, 28 февраля опять. Видно, в один и тот же день записи делал.
Словно трубы эти ракеты. Сзади кольца весят. Тонкие, как бритвы, пластинки внутри. Будет штук 55. Шевельнешь и начинает дребезжать, выстрелишь да взорвется, взлетит на высоту шестидесяти человек.
Ракета в лестницу попала, а осколки во внутрь залетели.
Мать надо было слушать. О чем думал, куда шел? Я с кровати свалился и этот момент мой автомат выстрелил. Весь шкаф того ресторана был в дырках. Как в кино... Слава богу, хоть выпил чуточку, ото бы с ума соскочил. Сильно мне везет, раз уж выжил. У нас 12 раненных. Все в руинах – лимонка взорвалась. Доски от паркета на меня посыпались. Не знаю, куда бежать.
Два часа ночи. Поставили меня вблизи от елок постовым. Сказали, что в еловом лесу вся моя надежда, а я за маму с папой переживаю. Умру, так моя смерть угробит их обоих. Стреляют. Прекращаю писать.
Видим экстремистов в двадцати метрах от нас. Они уже в пятнадцати метрах, в десяти метрах. Рассвет. Три покойника на земле лежат. Звонят, мол, отдавайте трупы, сами приедем и заберем. Потом мы попросим обменяться. Такие велись переговоры в дневное время — раз в городе оставались люди, был у нас уговор, что днем стрелять не будим.
Но в ту ночь убили парня из Бодбе. На мешках лежал, когда в него ракета попала. Подбросила его в воздух, а когда упал на землю, был уже мертвый. Пригнали мы наш бронетранспортер и положили в него тело. Выпотрошило его. Невозможно было кишки в руках держать – скользили руки. Целых двадцать минут укладывали на покойника его же кишки.
В тот день мы были настроены очень агрессивно и попросили снайпера в день похорон кого-нибудь из рядов врага убить. Перепугался человек, говорит, чего несете, а ему отвечают: "Не будешь стрелять, значит тебя подкупили".
Добились своего, достал парень оружие и начал собирать его потихоньку, а в центре Цхинвали идут похороны. Уже второй час дня.
Один из нас смотрит в бинокль, наблюдает, что как будет. Прошли двадцать минут и рычит наш снайпер, что уже убил мужчину в шляпе, что человек и шляпа в разные стороны полетели. Тот, с биноклем, говорит, что люди гроб уронили и бросились бежать. Шлепаем снайпера по плечу и хвалим. Он человека убил, а мы радуемся.
Такое в ту ночь творилось. Со всех сторон двинулись на нас озлобленные осетины. Днем мы убили их человека, на похоронах.
Ни единого листа бумаги не осталось у меня в руках. Не знаю, что делать. На волоске висит моя жизнь.
Взорвалась ракета и 17 человек на землю упали, среди них 11 раненых. Со мной ничего не случилось. Видно опять материнская молитва помогла.
Ведется интенсивная стрельба. Экстремисты, приблизительно 150 человек, приблизились к нам на 80 метров. Здание рушиться и я не знаю, куда бежать. Ранили водителя БТР, Гочу Арчвадзе.
Слава богу, я успел выпить. Нелегко видеть такое на трезвую голову. На бронетранспортере привезли трупы двух экстремистов. У одного лоб продырявили. Выбросили их у лестницы и ждут, когда прейдут из цхинвали договариваться.
Мы одного снайпера в плену держали, у него не было одной кисти руки, а они держали нашего сельского председателя. Обменялись пленными, но председателя, видно, так избили, скончался спустя две недели, а снайпер до сих пор жив, пожалуй.
Если бы тогда не обменялись, скорее всего, мы бы убили снайпера.
До февраля месяца убили 85 человек. Тогда Дилар Хабулиани был нашим министром. Он сказал Звиаду, что у нас уже 85 покойников было, а им Россия помогала и мы бы с ними не справились. Он предлагал, уйти и оставить все так, как есть, а Звиад ответил, что ничего страшного не происходило и милиция раскаивается в своих грехах. Глупость он сказал, вырвалось у него это, но слишком дорого это ему обошлось. 22 декабря, когда началась война в Тбилиси, позвонили в Калининский район, чтобы все десять отделений явились у парламента и защитили президента. Позвонили то одному, то другому и стало ясно, что никто не горит желанием идти туда. Вот так вот было. Просили спросить у Звиада, все же в каких таких грехах раскаивалась милиция. А ведь в каждом подразделении было 150 человек, по автомату на каждого. Минимум, 1500 человек вышло бы и, быть может, Тбилисская война обрела бы иной поворот.
Стреляют опять. Откуда столько оружия у этих сукиных детей? Ничего не слышу. Прямо в нас целятся. Это пулемет.
1 марта. Боже, до чего же нехорошо встречаем эту весну...
Группа из 11 экстремистов стоит напротив нашей позиции. Нас шестеро. Не знают, что мы за ними наблюдаем. Не видно их в снегу – на них белые спецовки. Стреляем и убиваем троих. Схватили убитых за ноги и потащили вниз. У меня пуля снесла каску да шапку с головы. Друг подал их мне и сказал: «А ты везучий!»
От нашего корпуса, я имею в виду здание, не осталось почти ничего. Я уезжаю третьего марта. Ну вот, Кутаисские и Батумские парни перессорились, стреляли друг в друга. Пришлось их разнимать.
Один из них мой хороший друг. Увидел меня и отошел в сторону. Кричит: «Бесо, дорогой...» Оказывается на сборах полиции были вместе.
Стою я у мешка с песком и в это время снайпер в нас стреляет. Пуля в мешок попала, а песок попал мне в глаза. Вот сейчас точно мне повезло. Еще сколько раз повезет? У Вахо Дж. Закончились пули. Кричит снаружи, мол, Бесо, подавай свои... Такой парень, такой воин, да и внешность Алена Делона... Ранили его. Перелез я через окно, но сильно обманулся. Как можно было такое делать? С задней стороны корпуса начали стрелять осетины. Я был вынужден достать оружие из кармана и стрелять. Сделал шесть выстрелов. Своими глазами увидел, как тот осетин упал на лестницу. Так обрадовался, чуть не получил разрыв сердца.
Скажи, каково, человек умер, а ты радуешься. Читаю и кажется, что не я все это писал. Как я мог такое написать?
Кричу: «Парни, давайте хоть один диск, а то умру я!» Дай бог ему здоровья, тому вот, что из Кутаиси... Открыл с башни огонь и осетины убежали в сторону кладбища.
В жизни не перекрещивался, но сейчас присел да и перекрестился. Из-под зенитного пулемета падают камни. Не могу больше писать, устал, но тут такое происходит, я должен все записать – такое раз в жизни может произойти, или не произойдет вовсе.
Сейчас три часа ночи. Я стою на втором посту. Нас четверо. Мы вооружены автоматами. По рации осетины и грузины ругают друг друга. Пишу я сейчас, а в четырехсто метрах от меня горит двухэтажный дом. Сейчас началась перестрелка. Трое маленьких детей сгорели в доме, все девочки. На моих глазах вынесли наши парни их обугленные тела. Это так на меня подействовало, что нервы на пределе...
Уже боюсь, как бы я не сошел с ума. Наши стреляют из пулеметов. Убежали в сторону лога. Гиви Ш. ранен. Нас восемь человек. Лежим все, а он кричит мне: «Бесо, помоги! Давай сюда бинт!»
Оставляет за собой кровавый след в виде полосок на асфальте. У меня сдают нервы. Вахо Г. взял мой автомат и побежал в сторону кладбища. Его двоюродный брат... его двоюродный брат... На нем нет лица. Сам не знает, куда бежит. Уже не охота писать, но надо писать о том что вижу, надо. Почти все пишут. Удивительные вещи происходят. Вахо просит, чтобы я ему принес автомат. Оба диска пустые. Зову нашего командира, чтобы он пули принес. На мне нет жилета и не могу выйти на улицу. Стреляют... Уже темнеет. Не различаю в темноте ничего, но хочу писать. В комнату заходят две симпатичные девочки, корреспондентки из Батуми, и записывают мое имя. Я не вижу ничего. Началась интенсивная стрельба. Парни ложатся на пол. Что это за преисподняя...
Шесть раз пришлось мне подниматься и спускаться. К концу 1991 года люди уже голодали в Цхинвали. Все дороги были перекрыты и грузинские посты стояли с обеих сторон. Долго голодали, а потом опять русские помогли – завезли продукты со стороны Рокского ущелья. Смотрели, смотрели на нас и опять русские пришли на помощь.
14 человек едим в Тбилиси. Приехал за нами маленький желтый автобус. Грустят парни. Хорошие они, все до единого. Не думал я, что грузинские милицейские такой мужественный народ. Бог вам в помощь, парни!
____________________________________
По просьбе респондента, фамилии лиц, упомянутых в тексте, скрыты.
Текст: Нино Ломадзе
Транскрипт: Анна Сургуладзе, Марта Меликидзе
Фото: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевич из архива.