გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Урс хæцъилæй бæстытæ | Аслан, 34-аздзыд. Цхинвал

Смотрите текст на русском языке ниже

Хæст кæй райдыдта, уый фыццаг хатт æз 5-æм августы бамбæрстон. Æз уыдтæн ме ‘мбалмæ, æддейæ лæууыдыстæм. Уыцы рæстæджы машинæ æрбацыд доны цистернаимæ. Уæд дыууæ æви æртæ къуырийы дон нал цыд, донуадзæн хæтæл гуырдзиаг хъæуты кæй алыг кодтой, уый аххосæй. Машинæйæ дон чи иста, уыдонæн мах æххуыс кодтам, кæмæндæрты-иу сæ донгæрзтæ дæр хæдзармæ бахастам. Уыцы рæстæджы иу бинонтæ машинæйы сбадтысты æмæ Цæгат Ирыстонмæ ацыдысты. Уæд æй бамбæрстон, хæст кæй райдыдта, уый.

Уæд æз студент уыдтæн. 7-æм августы æз ме ‘мбæлттимæ, 15 адæймагæй, бацыдыстæм бархионты штабтæй сæ иумæ, кæцы уыд горæты центры. Бахатыдыстæм сæм, цæмæй нæ айсой бархионты рæнхъытæм. Нырма уал нын бахæс кодтой æфтауцдонæй фынæйгæнæн голджытæ, гобантæ рахæссын æмæ казарма бафснайын. Æнæхъæн бон уыцы куыстытæ кодтам. Фæссихор Къостайыхъæуы ‘рдыгæй хъуысын райдыдтой артиллерион снарядты хæлæн гуыппытæ.

Хæцæнгæрзтæ нын радтой 7-æм августы, изæрæй. Изæры 9 æви 10 сахатыл махмæ, бархионты штабмæ æрбацыд республикæйы Президент Кокойты Эдуард Джабейы фырт æмæ нын загъта, зæгъгæ, гуырдзиæгты къухдариуæгады æрдыгæй загъдæуыд, кæй нал фехсдзысты, уый тыххæй, зæгъгæ республикæйы арæнгæрæтты, арæнгæрон хъæуты цы хæстон архæйдтытæ цыд, уыдон æрсабыр уыдзысты, æмæ, зæгъ, сымахæн, ног хæстонтæн сæ бон у хæдзæрттæм ацæуын. Иууылдæр радгæстæ уат, уый æнæмæнгхъæуæг нæу. Æз хæдзармæ ацыдтæн. Мæ хæдзарæй штабмæ уыд 100-200 метры бæрц. Хæдзармæ бацыдтæн, æхсæвæр бахордтон, фæлæ мæ зæрдæ æхсайдта æмæ ме ‘мбалмæ телефонæй адзырдтон æмæ аскъуыддзаг кодтам фæстæмæ штабмæ бацæуын. Æхсæвы 11 сахатыл райдыдтой фыццаг æхстытæ. Федтон æй, æхстой «Паук»-ы къуылдыммæ.

Сæумæрайсоммæ уыдыстæм библиотекæйы ныккæнды. Бархионты штаб уыд, уыцы рæстæджы кæцы нæ куыста, сывæллæтты уыцы цæхæрадоны территорийыл. Уым нæ уыд нæдæр ныккæнд æмæ нæдæр, нæхи кæм бааууон кодтаиккам, ахæм бынат.

Райсомы 5 сахат уыдаид, афтæ æхстытæ чысыл фæлæууыдысты. Æз хæдзармæ алыгътæн, фæндыд мæ мæ бинонты абæрæг кæнын, уымæн æмæ сæм телефонæй куы æдзырдтон, уæд мын не сдзуапп кодтой æмæ сæм мæ зæрдæ ахсайдта. Хæдзары уыдысты мæ мад, мæ хо, мæ фыдымад æмæ ме ‘фсымæр. Хæдзармæ бахызтæн, фæдзырдтон сæм æмæ мын уыдон ныккæндæй сдзуапп кодтой. Æз æрсабыр дæн æмæ фæстæмæ аздæхтæн.

Мах бардзырд райста, цæмæй уазæгдон «Алан»-мæ ацыдаиккам. Уым мах уыдыстæм 30 бæрц. Адих нæ кодтой дыууæ къордыл. Нæ къордæн бахæс кодтой Тъбеты хъæумæ ацæуын. Сбадтыстæм машинæйыл æмæ ацыдыстæм. Уыцы хъæу Цхинвалæй у 2-3 километры дæрддзæг. Хæдзæрттæй сæ иуы уыд хъахъхъæнæн пункт. Мах уым рахызтыстæм бархионты командæкæнынад бардзырд радта, цæмæй Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæм бацыдаиккам. Уыдон лæууыдысты Тъбеты хъæумæ Цъунары æрдыгæй æрбацæуæны. Мах сæм бацыдыстæм. Æз уыдтæн ме ‘мбалимæ. Уымæ уыд РПГ, мæнмæ та - снарядтæ. Уым хи бахъахъхъæнынæн цæй фæстæ балæууыдаиккам, уый дзы нæ уыд, нæ дзы уыд окоппытæ дæр. Мах уыдыстæм, фæндаггæрæтты цы адгуытæ уыд, уымыты. Тынг тагъд фæндагыл фæзындысты гуырдзиаг танктæ. Райдыдтам сæ æхсын. Уыдон нæ æхстой артиллерийæ. Махуæттæ цалдæрæй рог цæфтæ фесты. ме ‘мбалæн дæр йæ къах фæцæф. Тох бирæ нæ ахаста. Мах æй бамбæрстам, танкты ныхмæ тох кæнын нæй гæнæн. Мах уыцы позици ныууагътам æмæ горæтмæ рацыдыстæм. Нæ уыд организацигонд архайд. Иууылдæр хицæнтæй æрбаздæхтысты уазæгдон «Алан»-мæ. Уым горæты алы районтæй бирæ бархионтæ уыд, фæлæ ногæй ницы фехъуыстон. Уыдон мах фарстой уавæры тыххæй. Гуырдзиаг танктæ горæтмæ кæй æрбацæуынц, уый тыххæй дæр сын мæхæдæг загътон. Иумиаг командакæнынад дзы нæ уыд, нæ уыд координаци дæр. Æз аскъуыддзаг кодтон, фидауынгæнджытæм бацæуын, уыдон уыдысты паддзахадон арæнмæ æввахс. Æз уырдæм ацыдтæн, фæлæ уым иууылдæр уыд пырх.

МАХ ИУ КОРПУСÆЙ ЦЫДЫСТÆМ ИННÆМÆ. ÆЗ АГУЫРДТОН МÆ ЦÆФ ÆМБАЛЫ. ÆРМÆСТДÆР ÆЙ 9-ÆМ АВГУСТЫ БАЗЫДТОН, СÆРÆГАС КÆЙ У. БАЛЫГЪТÆН ХÆДЗАРМÆ, МÆ БИНОНТÆ КУЫД СТЫ, УЫЙ БАБÆРÆГ КОДТОН. РÆСТÆГÆЙ РÆСТÆГМÆ-ИУ ТОХТÆ СЦЫРЕН СТЫ.

Фарастæм августы райсомæй нын загътой. Цæмæй нæ цæнгтыл урс хæцъилтæ бабастаиккам. Бирæ дам-думтæ цыд горæты. Дзырдтой, зæгъгæ, горæты ис диверсион къордтæ, гуырдзиæгтæ ирæтты æфсон рациты дзурынц æмæ горæты алы районтæм æххуысы къордтæм сидынц. Уыд ахæм информаци дæр, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ кæдæмыты æхсой, ис уыдоны амонджытæ дæр. Дзырдтой ма, 12-æм астæуккаг скъолайы районы дам карз тохтæ цæуы, зæгъгæ.

Даккаг хатт горæтмæ æрбабырсын гуырдзиæгтæ бафæлвæрдтой 9-æм августы фæссихор. Цалынмæ тох нæ райдыдта, уæдмæ мæм ме ‘мбал телефонæй фæдзырдта æмæ мын загъта, зæгъгæ, йæ фыдыхо фæмард, сæ хæдзарыл снаряд сæмбæлд. Уыцы рæстæджы йæхæдæр ам нæ уыд, уый гуырцæй инвалид у. Уыдон нæ уынгыл цæрæнц, махæй æртæ хæдзары дарддæр. Мах сæм бацыдыстæм æмæ сылгоймаджы сæ цæхæрадоны баныгæдтам. Уым уыд Алайнаг Епархийы архиепископ фыд Александр дæр. Уый раныхас кодта, æви кувгæ кодта… нæ йæ хъуыды кæнын. Мардмæ цы æмбæлы, уый нæ бон саразын нæ бауыдаид. Æмбæрстам æй хæст кæй цæуы, фæлæ адæймаджы баныгæнын кæй хъуыд, уый дæр æмбæрстам. Æниу æппынæдзух хъуыстам, нæ сæрты цы снарядтæ тахтысты, уыдоны æхситт. Уыдонæй кæцыфæнды дæр махæй искæй амардтаид. Фæмардуæвæг сылгоймаджы мад тынг зæрон уыд, йæ бон цæуын нæ уыд. Уый бадт хæдзары фарсмæ æмæ нæм каст, йæ чызджы йын куыд ныгæнæм, уымæ. Фыд Александр дзырдта, зæгъгæ, нæ адæмæн Хуыцау баххуыс кæндзæн, фæлæ æз нæ зыдтон, ацы ингæнмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый. Ам афтæмæй баззайдзæн, æви, куыд æмбæлы, афтæ, уæлмæрды ссардзæн йæ бынат.

_______________________________________________

«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй

Текст: Санахъоты Зæринæ

белые повязки
Аслан, 34 года. Цхинвал

Первое осознание того, что уже идет война, ко мне пришло 5 августа. Я был у своего друга, мы стояли во дворе. Как раз приехала машина с цистерной воды. На тот момент две или три недели в городе уже не было воды, водопровод перерезали в грузинском анклаве. Мы помогали людям набирать воду, или донести до квартиры. Одна семья при нас села в машину и уехали в Северную Осетию. Тогда я понял, что уже идет война.

я тогда был студентом. 7 августа я с друзьями, нас было около 15 человек, пришли в один из штабов ополчения в центре города, и попросили включить нас в ряды ополчения. Нам пока поставили задачу забрать со складов спальные мешки, матрасы и обустроить казарму. Этим мы и занимались в течение дня. После обеда со стороны села Хетагурова уже доносились разрывы артиллерийских снарядов.

Оружие нам выдали седьмого вечером. Часов в 9 или 10 вечера к нам в штаб ополчения приехал президент республики Кокойты Эдуард Джабеевич, и сказал, что объявлено перемирие со стороны грузинского руководства, что те боевые действия, которые происходили на окраинах республики, в приграничных селах, прекратятся, и что мы, новобранцы, можем идти домой, всем нести дежурство необязательно. Я пошел домой, до моего дома от штаба буквально метров 100-200. Я зашел домой, поужинал, но потом все же созвонился с другом и мы решили возвратиться в штаб. Около 11 часов вечера начались первые взрывы. Я увидел, что обстреливают высоту «Паук».

До раннего утра мы пробыли в подвале здания библиотеки. Штаб ополчения находился на территории неработающего детского сада, и там не было ни подвалов, ни мест, чтобы укрыться.

Где-то в 5 часов утра обстрел ненадолго прекратился. Я сбегал домой, хотел проведать родных, потому что они не отвечали на мои звонки. Дома были мать, сестра, бабушка и брат. Я зашел, окликнул их, они мне ответили из подвала, я успокоился и пошел обратно.

Нам поступила команда выступать к гостинце «Алан». Там нас было человек 30, нас разделили на два отряда. Нашему отряду дали команду выдвинуться в село Тбет, это буквально в 2-3 километрах от Цхинвала. В одном из домов был оборонный пункт, мы выгрузились там. Командование ополчения дало команду подойти к ОМОНовцам, которые стояли на дороге у въезда в село со стороны Хетагурово. Мы подошли к ним. Я был с другом, у него был РПГ а у меня снаряды. Там не было никаких укреплений или окопов, мы были просто в оврагах по бокам от дороги. Очень скоро по дороге показались грузинские танки, началась перестрелка, но по нам работала артиллерия. Было несколько раненных, но не тяжелых. Ранило в ногу и моего друга. Бой продолжался недолго, мы поняли, что вести бой против танков невозможно. Мы оставили эту позицию, вернулись в город. Организованных действий не было, все вернулись разрозненно в гостиницу «Алан». Там было много ополченцев с разных районов города, но ничего нового я не узнал. Меня самого все спрашивали о ситуации, я сказал, что грузинские танки входят в город. Единого командования не было, не было координации. Я решил пойти в расположение миротворцев, это недалеко от гостиницы. Я пришел туда, но там все было разбомблена и разрушено.

Мы перемещались из одного корпуса в другой. Я искал своего друга, которого ранило. Выяснил, что он в порядке только 9-го августа. Забегал домой, проверял, как моя семья. Периодически ввязывались в бои.

Девятого августа утром нам сказали повязать на руки белые повязки. Слухов было очень много. Говорили, что в городе диверсионные группы, что грузины по рации выдают себя за осетин, и вызывают группы помощи в разные района города. Была информация о наводчиках. Была информация, что ведутся ожесточенные бои в районе 12-ой школы.

Попытку второго штурма грузинские войска предприняли 9-го августа после обеда. До того, как он начался, мне позвонил друг, сказал, что его тетя погибла, в их дом попал снаряд. Его самого здесь не было в тот момент, он инвалид с детства. Они живут на нашей улице, через три дома. Мы пошли туда, и похоронили ее в огороде. Там оказался и архиепископ Аланской Епархии, отец Александр. Он произнес речь, или молитву читал… Не помню. Всех почестей погибшей мы все равно не могли оказать. Понимали, что идет война, но и то, что человека надо похоронить, тоже понимали. Хотя все время слышали, как над головой свистят снаряды, и любой из них мог убить нас. Мать этой убитой женщины была очень старая, она не могла сама передвигаться. Она сидела со стороны дома и наблюдала, как мы хороним ее дочь. Отец Александр говорил, что Бог поможет нашему народу, но я не знал, что ждет эту могилу. Останется ли она здесь так же, без надгробья, или найдет место на кладбище, как полагается.

_______________________________________________________
Из цикла Живая память — Южная Осетия 1991/2008
Текст: Зарина Санакоева

loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა