გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Хæсты уроктæ | Кокойты Темур, Цхинвал

Смотрите текст на русском языке ниже

Кокойты Темур, 34-аздзыд, Цхинвал

Мæ царды фыццаг хатт тас бавзæрстон, фондз азы мыл куы цыд, уæд. Уый уыд 1989 азы 23 ноябры изæры. Уыцы бон Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн ссис мысынады бон.

Уæд æз фæтарстæн тагъд æххуысы машинæты сирæнæты ниудæй, кæцытæ рантъæр-бантъæр кодтой горæты уынгты. Уыдон рупортæй адæмæн хъусын кодтой, зæгъгæ, бирæнымæц гуырдзиæгтæ горæтмæ тонынц, адæммæ сидтысты, цæмæй рацæуой горæтмæ. Æз не ‘мбæрстон хабар, фæлæ хистæрты тыхст уавæр рахызт сывæллæттæм дæр.

1991 азы январы гуырдзиæгтæ ногæй æрбацыдысты горæтмæ, уый дæр бахъуыды кодтон. Æхсæвы талынг уыд, горæты нæ уыд электроны рухс, дон, хæринаг. Уазал нæ уыд уыцы зымæг, æвæццæгæн, уæд нырма газ уыд горæты.

1991-æм азы августы Цхинвалæй ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Цардыстæм 2-хатæнон чысыл фатеры. Ноджы нæм æрцыдысты нæ хæстæджытæ бирæйæ, уыдон дæр ралыгъдысты хæстæй. Бирæ хатт-иу нæм уыд 10-12 адæймаджы. Фæлæ-иу мах, сывæллæттæ, хъæлдзæг уыдыстæм.

1992-æм майы Зары фæндагыл фæмард мæ мадæн йæ мадыхо. Уый уыд зындгонд трагедийы размæ. Уæд бирæтæ ластой Дзæуджыхъæумæ сæ фæллой, мебель, дзаумæттæ, хæдзарон мигæнæнтæ. Иу ахæм уæзласæн машинæйы гуыффæйыл цыд мæ мадæн йæ мадыхо. Иу цæхгæр фæзилæны, уæззау скъапп рабырыд æмæ сылгоймаджы ныцъист кодта.

Июлы æз мæ мадимæ æрцыдтæн Цхинвалмæ уыцы сылгоймаджы дыууиссæдзæм бонмæ æмæ æнæхъæн сæрд баззадтæн ам. Æнæхъæн июлы дæргъы Цхинвалы æхстой скæсæн æрдыгæй, ТЭК-æй æмæ Эргнетæй. Июль-августы уавæр æрсабыр ис, æрбацыдысты фидауынгæнæг тыхтæ æмæ уавæр æрсабыр. Уыцы мæйты гуырдзиæгтæ басыгътой Цънелисы хъæуы æмæ иннæ ирон хъæуты. Уый фæстæ æхсæнадæмон гуманитарон организацитæ бирæтæн баххуыс кодтой, кæй хæдзæрттæ басыгъдысты, уыдонæн сарæзтой чысыл хæдзæрттæ, мæ фыдымадæн дæр сарæзтой ахæм хæдзар.

Дзæуджыхъæу мæ зæрдæмæ нæ цыд. Уым скъоламæ бацыдтæн. Уым иууылдæр уырыссагау дзырдтой, æз та нæ зыдтон. Исты-иу куы дзырдтон, уæд-иу стыхстæн æмæ-иу мæ бон сдзурын нал уыд, ныхæстæ-иу мын схæццæ сты æмæ мыл скъоладзаутæ худтысты. Уый мæ ноджы тынгдæр тыхсын кодта æмæ-иу ницыуал дзырдтон. Цасдæр рæстæджы фæстæ уырыссагау базыдтон, фæлæ ирон æвзаг сахуыр кæнын проблемæ уыд! Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйтты адæм æндæр æмæ æндæр диалекттыл дзурынц. Мадæлон æвзаджы уроктыл-иу мæн æмæ ме ‘мбалы, уый дæр Цхинвайлæй уыд, дзурын кодтой цæгаттаг æвзаджы здæхтыл, мах нæ састыстæм. Уый тыххæй-иу нын нæ нысæнттæ æрныллæг кодтой, кæд ирон æвзагыл сæрибарæй дзырдтам, уæддæр.

Алы улæфтыты рæстæджы дæр-иу тырныдтон Цхинвалмæ, уым уыдысты ме ‘мбæлттæ æмæ хæстæджытæ иууылдæр, æрмæстдæр уым мæхи комфортонæй хатыдтæн.

1992 азы сæрдæй фæстæмæ бæстæ фæсабырдæр, фæлæ та 2003 азы уавæр карздæр кæнын райдыдта, Михаил Саакашвили Гуырдзыстоны презитент куы ссис, уæд.

2004 азы æз ахуыр кодтон Мæскуыйы академийы, фæлæ-иу алы сæрд дæр Цхинвалы уыдтæн. Июль-августы та сцырын гарзджын конфликт. Æз архайдтон, цæмæй бацыдаин хæдæфсады рæнхъытæм (ополчение), фæлæ мæ нæ айстой, загътой-иу мын: «Сом æрбацу, абон нæ дæумæ не ‘вдæлы», афтæ мын «абон-сом» кодтой.

Августы кæрон ахуырмæ куы здæхтæн, уæд мæхи дезертирæй хатыдтæн. Мæ цхинвайлаг æмбæлттæ иууылдæр уыдысты хæдæфсады рæнхъыты, лæууыдысты æрбацæуæнты æмæ хъахъхъæдтой горæт, дзуаппон æхст-иу кодтой знæгты, æз та Мæскуымæ ацыдтæн…

2008 азы ахуыр фæдæн, мæ диплом райстон июлы æмæ уыцы мæй кусынмæ бацыдтæн Таможнæйон органтæм. Æввахс кодта хæсты радон уылæн. Уавæр сахатæй сахатмæ карзæй карздæр кодта.

1-æм августы гуырдзиæгтæ республикæйы цæрджытæй амардтой 6 сабыр цæрæджы. Бæрæг уыд, хæст кæй райдайдзæн. Уыцы бонæй мах дæр рахызтыстæм куысты сæрмагонд режиммæ. Ифтонг кæнын райдыдтам казармайы, райдыдтам исын хæцæнгæрзтæ, иудзырдæй, нæхи цæттæ кодтам…

Ныр хайад ма райсон, уый мæ бон нæу. Мæхимидæг тыхстæн, фыццаг хатт автомат, йемæ цыппар магазины, нæмгуытæ куы райстон, уæд. Сæрмагонд уæлæдарæс, ботинкатæ æмæ ма ноджы цы хъуыд, уыдон нæхæдæг агуырдтам. Мæхицæн дæр æмæ мæ дæлхайæн дæр хæст райдыдта 6-æм августы. Мах арвыстой Цхинвалы хуссар-ныгуылæн здæхт – Тъбеты талахъомылгæнæн питомникы район фæтыхджындæр кæнынмæ. Уыцы ‘рдыгæй гуырдзиæгтæ дыууæ боны æхстой Хуссар Ирыстоны иууыл стырдæр хъæу Цъунары (Къостайыхъæу)…

Æз иууыл тынгдæр мæсты кæнын, политиктæм нæ, фæлæ хуымæтæг адæммæ. Иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр адæмæн зондзонæн не сты хæсты уроктæ, конфликт баззад æнæ скъуыддзаггондæй. Мах фарсæрдыгæй бирæтæ нымайынц, ома, гуырдзиæгтимæ бадзурын нæ хъæуы, уыдон агрессортæ сты, уыдон, зæгъ, махæй хатыр хъуамæ ракурой, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ сæрмагондæй мæн нæ хъæуы гуырдзиæгты хатыр ракуырд. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ гуырдзиæгты хатыр ракуырд нæ хъæуы, гуырдзиæгты къухæй йæ хæстæджытæ кæмæн фæмард сты, уыдоны дæр. Гуырдзиæгтæй мæ хъæуы, æрмæстдæр, иу хъуыддаг: хъуамæ бамбарой, зноны бонæн раздахæн кæй нал ис æмæ мах кæй нал цæрдзыстæм иу политикон-барадон тыгъдады. Хуссар Ирыстоны территори раздахыны тыххæй чи дзуры, уыцы гуырдзиæгтæй йæ алкæмæн дæр хъæуы бамбарын кæнын. Уый тыххæй та Гуырдзыстонимæ хъæуы комкоммæ ныхас.

Территори раздахæн ис гæнæн, фæлæ уый тыххæй хъуамæ уыцы территори иууылдæр асыгъдæг кæной ирæттæй. Мæсты ма кæнын уый тыххæй дæр, æмæ Гуырдзыстон мах нæ уыны æмæ нæ конфликты иннæ фарсыл нæ нымайы (кæнæ та йæ нæ фæнды нымайын), фæлæ - Уæрæсейы. Æгæрыстæмæй, абон Республикæ Хуссар Ирыстонæн æххуыс кæнын æмæ йын йæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ Уæрæсе куы аива, уæддæр мах нæ баздæхдзыстæм Гуырдзыстоны скондмæ æмæ дарддæр дæр тох кæндзыстæм нæ хæдбардзинады тыххæй.

Æз Хуссар Ирыстоны иунæг ироны дæр нæ зонын, Гуырдзыстонимæ баиу уæвын кæй фæнды. Ахæмтæ нæм нæй! 12 азы размæ Цхинвалы цæрджытæй мæн æмæ ноджы бирæ кæйдæрты бахъуыд хæцæнгарз райсыны сæр, хæстон тасдзинад кæй уыд, уый сæраппонд. Ахæм альтернативæ махæн нæ уыд.

Гæнæн уыд, дæ хæстæджыты, хиуæтты амбырд кæнын æмæ Цæгатмæ, Уæрæсемæ алидзын. Фæлæ афтæ бакодтой, ивгъуыд æнусы 90-æм азты Гуырдзыстоны мидæггаг районты чи цард, уыдонæй      100.000 мин ироны. Уыдон сæхи бахъахъхъæдтой, фæлæ амондджындæр нæ фесты – уæддæр нæ рох кæнынц сæ райгуырæн бынæттæ æмæ ног бынæтты сæхи хатынц æцæгæлæттæй, æгæрыстæмæй, 30 азы фæстæ дæр.

Уый тыххæй алидзын ницы пайда у. Дæ хæдзар, дæ зæхх ратдзынæ, фæлæ уыдоны ныхмæ ничи ницы балæвар кæндзæн. Уый у адæймаджы царды æнкъарынад. Æз искæй геополитикон интересты тыххæй нæ тох кодтон, фæлæ  мæхи хæдзары тыххæй. Æмæ æз мæхицæн домын куыд мæ фæнды, афтæ, æмæ мæ кæимæ фæнды, уыдонимæ мæ хæдзары цæрын.

Кæд мæ сыхагмæ афтæ кæсы, æмæ мæ хæдзар мæхи нæу æмæ йæ уымæн хъуамæ радтон, уæд æз дарддæр дæр тох кæндзынæн. Фæлæ æз æвзæр зæрдæ нæ дарын гуырдзиæгтæм, махæн нæ бон уыд цардаиккам гуырдзиæгтимæ сабырæй æмæ нын хорз ахастытæ уыдаид.

Уый тыххæй та хъуамæ банымайой æмæ кад кæной сæрибарæй цæрыны тыххæй мæ бартæн.

 

«Удæгас мысынад – Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй

Текст: Тамара Меаракишвилийы

Уроки Войны
Темур Кокойты, 34 лет, Цхинвал

Впервые в своей жизни, страх я почувствовал, когда мне было 5 лет. Это был вечер 23 ноября 89 года. Этот день стал памятным для всего населения Южной Осетии. 

Испугался я тогда воя сирен машин скорой помощи, которые носились по городу. Они через громкоговорители оповещали жителей Цхинвала о том, что в город прорывается толпа, призывали людей выйти в город. Я не понимал, что происходит, но волнение старших передавалось и детям. 

В 91-м в январе снова зашли в город грузины, это тоже запомнил. Ночью бывало темно, не было электричества, воды, еды. Холодно не было вроде, значит газ ещё был в ту зиму. 

В августе 91-го мы уехали из Цхинвала во Владикавказ. Жили в маленькой 2-х комнатной квартире и к нам приехало ещё много родственников, которые тоже спасались от войны. Иногда у нас бывало по 10-12 человек. Но нам,  детям, было весело. 

В мае 92-го на Зарской дороге погибла тетя моей мамы, это было до всем известной трагедии на той же дороге. Тогда многие увозили своё имущество, мебель, вещи, домашнюю утварь и на одном таком грузовике тетя ехала в кузове. На крутом подъёме тяжелая мебель качнулась и её придавило... 

В июне я с мамой поехал в Цхинвал на 40 дней её тети и остался на всё лето. Весь июнь Цхинвал сильно обстреливался с восточной стороны, с ТЭК и Эредви. В июле-августе уже было тихо, ввели миротворческие силы и стало спокойно. В те же месяцы было сожжено наше село Цнелис и другие осетинские сёла. Потом международные гуманитарные организации помогли многим и отстроили маленькие домики погорельцам, в том числе и моей  прабабушке. Во Владикавказе мне не нравилось. Я там пошёл в школу и все разговаривали по-русски, а я его долгое время не знал. Когда пытался что-то сказать, я запинался, путал слова и надо мной смеялись. От этого я ещё сильнее замыкался в себе. Русский я со временем освоил, но препятствием всё равно оставался язык! Есть известная разница между южным и северным наречиями осетинского языка - на уроках родного меня и моего одноклассника, тоже из Цхинвала, заставляли говорить на северном наречии, мы сопротивлялись. Нам всегда за это снижали оценки, хотя мы на родном говорили свободно. 

В общем, каждые каникулы я стремился в родной Цхинвал, там были все родственники и друзья и комфортно мне было только в там. После лета 92-го наступил относительный мир, и конфликт заново стал обостряться уже в 2003-м, когда в Грузии президентом стал Саакашвили. 

В 2004 году я учился в академии в Москве, но лето, как всегда, проводил в Цхинвале. В июле-августе вооружённый конфликт заново разгорелся. Я пытался записаться в ополчение, но меня не брали - завтра приходи, сегодня не до тебя и тд. 

В конце августа, когда я снова уезжал, я чувствовал себя дезертиром. Все мои цхинвальские друзья были в рядах ополчения, дежурили в окопах, отстреливались от противника, а я уехал в благополучную Москву... 

В 2008-м я закончил учёбу, получил диплом в июле и в этот же месяц поступил на службу в таможенные органы. Очередная горячая фаза война приближалась очень быстро, обострение шло буквально по часам. 

1-го августа по республике было убито 6 мирных жителей, война стала неизбежной. С этого дня мы тоже перешли на особый режим работы, стали обустраивать казарму, получать вооружение, готовились, в общем. 

Теперь я не мог не принять участие. Было волнительно первый раз получить автомат, 4 магазина к нему, подсумок и патроны. Форму, ботинки и всё остальное искали сами. 6-го августа для меня и моего подразделения началась война - нас отправили усилить юго-западное направление от Цхинвала, в районе Тбетских питомников. Грузины в той части уже два дня обстреливали самое большое село в Южной Осетии - Цунар (Хетагурово)... 

Больше всего меня злят не политики, а простые люди. И с одной, и с другой стороны. Люди не извлекают уроков из войны, конфликт остается нерешенным. С нашей стороны многие считают, что с грузинами не о чем разговаривать - они агрессоры, они должны извиниться и так далее. Но мне лично не нужны извинения грузин. Думаю, не нужны извинения и тем, кто потерял родных. От грузин мне нужно лишь одно: понимание того, что вчерашний день не вернётся и мы не будем жить в одном политико-правовом пространстве. Поэтому нужно разговаривать и с глазу на глаз доносить эту мысль до каждого в Грузии, кто говорит о возврате территории Южной Осетии. 

Территорию можно вернуть, но для этого нужно её полностью очистить от осетин. Злит и то, что Грузия не видит нас и считает (или делает вид) стороной конфликта Россию. Даже если Россия сегодня отменит своё решение о признании и поддержке Южной Осетии мы не вернёмся в состав Грузии и так же будем бороться за свое самоопределение.

Я не знаю ни одного осетина в Южной Осетии, кто допускает возможность воссоединения с Грузией. Таких нет. 12 лет назад мне и многим жителям Цхинвала пришлось взяться за оружие из-за надвигавшейся военной угрозы. Альтернативы для нас не было. 

Можно было, конечно, собрать всех родных и убежать на Север, в Россию. Но так сделали 100.000 осетин в 80-90-е годы, которые бежали из внутренних районов Грузии. Они спаслись, но счастливее не стали - всё равно они помнят родные места и чувствуют себя чужаками на новых местах даже спустя 30 лет. 

Поэтому бежать нет смысла. 

Отдашь свой родной дом, свою землю и взамен тебе никто не подарит другое. Это простое человеческое восприятие жизни. То есть, я воевал не за чьи-то геополитические интересы, а за свой дом. И я прошу для себя право жить в своём доме так, как я хочу и с кем хочу. 

Если же мой сосед считает, что это не мой дом и я должен его передать ему, то я буду и дальше бороться. Но я не испытываю ненависти к грузинам, мы могли бы жить мирно и даже иметь добрые отношения. 

Но для этого они должны признать и уважать мое право жить свободно.

________________________________________________________________

Из цикла «Живая память - Южная Осетия 1991/2008»
Текст: Тамары Меаракишвили

loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა