Рагон зонгæ | Инал, 57-аздзыд. Цхинвал
21.07.2021 | 10 წუთიანი საკითხავიСмотрите текст на русском языке ниже
1992-1993 азы хæстыты тыххæй
Æз Отъреуы хъæуæй рацæугæ дæн. 90-æм æнусы райдианæй фæстæмæ Цхинвалы цæрын. Мæ ныййарджытæ та хъæуы цардысты. Цардысты хорз, ницы цух уыдысты.
1991 азы райдиан, Ног азы фæстæ, æз аскъуыддзаг кодтон хъæумæ ацæуын, мæ ныййарджыты бабæрæг кæнын. Уырдæм фæндаг цыд гуырдзиаг хъæу Эредыл. Уæд æдас нал уыд ууылты цæуын, æмæ-иу бæлццæттимæ цыдысты нырма уал уым уæвæг ССР Цæдисы Мидæддаг æфсады æфсæддонтæ. Фæлæ уыдоныл дæр æууæнк нæ уыд.
Æз бацыдтæн хъæумæ æмæ федтон, хъæуы мæ фыдымады йедтæмæ цæрæг кæй нал уыд. Гуырдзиæгтæ-иу сæм хъæумæ бацыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæлгоймæгтæн тас уыд уым уæвын. Мæ ныййарджытæ уæд нырма æвзонг уыдысты, мæ фыдыл цыдаит 50 азы онг, æмæ ацыдысты Чысыл Леуахийы коммæ, мæ мады хъæумæ. Хъæу уыд æдзæрæг, кæцыдæр хæдзæртты дзы хæлдтой, æмбырд кодтой блоктæ, арæзтадон æрмæджытæ. Æгæрыстæмæй, ахастой мæ фыдыфыд æмæ уый æфсымæры уæлмæрдты дурты дæр. Немæ ракодтам цалдæр зæронды, фæлæ мын мæ фыдымад нæ ракуымдта. Загъта, ницы, дам, мын сараздзысты, æцæгæй дæр æм нæ февнæлдтой, фæлæ йын йæ мулк иууылдæр ахастой. Уавæр бынтондæр куы сæвзæр, уæд æй æркодтам ардæм.
Хъæуæй куы рацæйздæхтыстæм, уæд нæ «ТЭК»-ы, горæтмæ бацæуæны æрурæдтой гуырдзиаг æнæформалтæ. Мах уыдыстæм 20 машинæйы бæрц, æмæ ма немæ уыд ноджы дыууæ æфсæддон машинæйы, сæ иу коллонæйы разæй цыд, иннæ та – йæ фæстæ. Куы нæ баурæдтой гуырдзиæгтæ, уæд фæстæмæ акастæн, æмæ нæ фæстæ чи цыд, уырыссæгты уыцы бронетранспортер уым ныл уыд.
Иууылдæр нæ машинæтæй рахизын кодтой. Чидæртæ дзы лидзгæ дæр акодтой, хæмпæлты бынмæ, горæты ‘рдæм алыгъдысты. Мах машинæйæ рахизын дæр нал бауагътой, цыдыстæм уæзласæн машинæйы гуыффæйы. Уым ныл дуар сæхгæдтой æмæ нæ Мегъврекисы ‘рдæм аластой. Хъуыды йæ кæнын, нæ машинæ æмæ уæзласæн машинæйæ дарддæр ноджы байстой дыууæ рог автомашинæйы.
Мах, фондзæй рахизын кодтой Мегъврекисы хъæуы, се штабы цур. Уый уыд дыууæуæладзыгон бæстыхай, хæдзар сырхбын дардта. Алчи дæр архайдта нæ нæмыныл, сылгоймæгтæ дæр æмæ нæлгоймæгтæ дæр. Тынг нæ фæнадтой къахæй, арматурæйæ, автоматты хъæдтæй. Уым, се ‘хсæн разынд мæ зонгæ. Йæ ном Гурам хуынд. Уый мемæ куыста авиацион заводы. Æз тыхкаст кодтон, мæ цæстытæ срæсыдысты. Бафарстон æй: «Гурам, уый ды дæ?». Уый мын дзуры: «Мере ра?» (æмæ цы?) Æз ын загътон «Мах æхсæз азы иумæ фæкуыстам, ды мæ зоныс, æз экстремист кæй нæ дæн, уый. Уый мын загъта: «Уыцы рæстæджыты фесты».
Уый фæстæ мах уырдыгæй ракодтой, машинæйыл нæ бакалдтой æмæ нæ фæстæмæ «ТЭК»-мæ æрбаластой. Загътой нын, зæгъгæ, нæ хъуамæ баивой дыууæ мард гуырдзиагыл. Фæлæ сын нæ рауад, нæ йæ зонын цæмæннæ. Фæстæмæ та нæ аластой, сæ ныхæстæм гæсгæ афтæ бамбæрстон, цыма нæ марынмæ ласынц. Æз куыддæрты бынæй фæйнæрдæм ахæцыдтæн гуыффæйы дуæрттыл æмæ цæугæ-цæуын уырдыгæй рабырыдтæн æмæ бынмæ æрхаудтæн æмæ бауадзыг дæн. Уый уыд Цхинвал æмæ Мегъврекисы ‘хсæн. Уыд æхсæвы 12 сахат. Мæхи æрæмбæрстон Тхъвиавы рынчындоны. Кæм дæн, уый æз нæма ‘мбæрстон, афтæ хъуыды кодтон, цыма Мегъврекисы рынчындоны дæн. Палатæмæ æрбахызт санитаркæ, ас сылгоймаг. Уый мæ куы федта, уæд йæ зæрдæ бауынгæг, тæригъд мын кодта. Æз æй бафарстон, ардæм куыд æрбахаудтæн, уымæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ мæ æрбаластой «Нива»-йыл. Æз æм бахатыдтæн, цæмæй мын баххуыс кæна уырдыгæй алидзынæн. Сылгоймаг ахызт. Уый фæстæ палатамæ æрбацыд сæйраг дохтыр, нæлгоймаг, 60 азмæ æввахс ыл цыдаид. Йемæ уыдысты дыууæ практикант чызджы. Иууыл тынгдæр уыдон архайдтой мæ дæлдзиныг кæныныл, ныдздзæвыныл. Сæ иу мыл ту дæр бакодта. Сæйраг дохтыр сæ баурæдта, фæлæ уый дæр мемæ гуымир дардта йæхи. Дзырдта: «Кæд ма федтат тæрхъусы тигримæ хылгæнгæ? Уæ ныфс куыд хæссут махимæ тох кæнын?» Уый фæстæ та æрбацыд санитаркæ æмæ дохтырæн лæгъстæ кодта, цæмæй мæ ауадза. Дзырдта йын, зæгъгæ, уый уæддæр тынг над у æмæ бæрæг нæу фæцæрдзæн ма æви нæ. Бирæ йын фæлæгъстæ кодта, æмæ йæ куыдфæстагмæ сразы кодта.
Æрбацыдысты-иу мæм, «Нива»-йыл мæ чи æрбаласта, уыдон дæр. Уыдон уыдысты æртæйæ. Нæ йæ зонын, мæ марынмæ æрбацыдысты, æви мæ ноджы хъуамæ фæнадтаиккой. Фæлæ та сæ разы слæууыд уыцы санитаркæ, лæгъстæ та сын кодта, цæмæй мын фæтæригъæд кодтаиккой. Уæддæр мын сæ иу автоматы хъæдæй мæ сæр фæцæф кодта. Уæд сын санитаркæ бауайдзæф кодта, зæгъгæ, кæд ахæм хъæбатыртæ стут, уæд Цхинвалмæ ацыт æмæ уым хæцут.
Уыцы æнæформалтæ куы ацыдысты, уæд мæ тагъд æххуысы машинæйыл сбадын кодтой. Шофыр мæ Тхъвиавы онг баласта æмæ мæ æрхизын кодта Арцеумæ фæзилæны æмæ мын загъта, дарддæр ацæуын, дам, нæ уæндын. Радта мын дыууæ сомы, загъта мын Гурæй, дам, автобус рацæудзæн æмæ ууыл бынатмæ фæхæццæ уыдзынæ. Уыцы шофырæй абоны онг дæр бузныг дæн. Уым фæзилæны уыд доны кран, æз æм бацыдтæн æмæ мæ сæр донмæ бадардтон.. Мæ бон цæуын нæ уыд, мæ сæры магъз кæй фенкъуыст æмæ тынг над кæй уыдтæн, уый аххосæй. Автобус кæм æрлæууы, уым федтон мæ хъæуккаг дыууæ сылгоймаджы. Уыдон Плависман-Гуры автобусыл цыдысты Каралетмæ сæ сывæллæттæм, фæлæ æнæформалтæ автобусы сгæрстой æмæ уыцы дыууæ сылгоймаджы ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ рахизын кодтой автобусæй. Цæмæй фæстæмæ сæхимæ аздæхтаиккой, уый тыххæй уыдон дæр æнхъæлмæ кастысты транспортмæ. Куы мæ ауыдтой, уæд мæм æрбалыгъдысты æмæ мыл цы ‘рцыдис, уымæй мæ фарстытæ кодтой.
Нæ амондæн нæ цурты машинæ рацæйскъæрдта зонгæ гуырдзиаг. Йæ ус нæ хъæуккаг уыд. Уый нæ хъæумæ цыд йæ усы хæстæджыты бæрæггæнæг. Йæ машинæйыл мæ сбадын кодта, дыууæ сылгоймаджы дæр мæ фарсмæ сбадтысты æмæ мæ сæхицæй бамбæрзтой, цæмæй мæ постты ма феной, уый тыххæй. Шофыр нæ баласта нæ хъæуы онг, Отъреуы хъæуы онг.
Уый фæстæ базыдтон, мемæ машинæйыл цы бæлццæтæ уыд, уыдон тыххæй. Радзырдтой мын, зæгъгæ, та сæ радон хатт кæдæмдæр хъуамæ аластаиккой, фæлæ æрбацыд Машинæ «Виллис», бадт дзы пагонджын адæймæгтæ, гуырдзиаг хæстонтæ уыдысты æви милиционертæ. Уыдон фæхыл кодтой æнæформалтæм. Загътой сын, цæмæй ирæтты аласой, кæцæй сæ раластой, уырдæм. Дзырдтой, сырдтæ, дам, стæм æви – адæм? Æрбаластой сæ Арцеуы хъæуы кæронмæ æмæ сæ уым ныууагътой, цы машинæйыл сæ ракодтой, ууыл.
Мах агуырдтой. Цхинвалмæ нæ æрластой. Бирæ рæстæг – мæйæ фылдæр хуыссыдтæн рынчындоны. Мæ къæхтыл нал лæууыдтæн. Уый фæстæ та хæдзары хос кодтон.
Иу хатт кæрты бæласы бын бадтæн. Æрбацыдысты мæм лæппутæ æмæ мын загътой, зæгъгæ, æрцахстой, мемæ чи куыста æмæ мæ уый фæстæ Мегъврекисы чи фæнадта, уыцы Гурамы. Уый размæ сын æз радзырдтон Гурамы тыххæй. Æз удæгасæй баззадтæн, уый æнхъæл нæ уыд Гурам. Уый афтæ хъуыды кодта, æмæ мæн марынмæ аластой. Уый æрцыд Цхинвалмæ, йæ фатер бабæрæг кæныны тыххæй. Фæлæ йæ ме ‘мбæлттæ куы федтой, уæд æй машинæйыл сбадын кодтой æмæ йæ мæнмæ æрбаластой.
Куы мæ ауыдта, уæд йæ хуыз аныхъуырдта, афæлурс. Æз æм тынг мæсты уыдтæн æмæ йæ зыдта, кæй йæ нæ ауагътаин. Æниу, æз бирæ гуырдзиæгтæн баххуыс кодтон. Уый ам амынæты фæцис мæй æмæ æрдæг, уый фæстæ йæ баивтой. Куы йæ базыдтон ауагътой йæ, уæд тынг смæсты дæн. Уый тыххæй Хуыцауы раз аххосджын дæн, фæлæ йæ удæгасæй ауагътаиккой, уый мæ нæ фæндыд.
«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Текст: Санахъоты Зæринæ
Къам: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевичы архивæй.
Старый знакомый
Инал, 57 лет. Цхинвали
О войнах 1992-1993 годов
Я родом из села Отреу. В начале 90-х годов я уже жил в Цхинвале. Родители мои жили в селе. Жили они хорошо, работали, ни в чем не нуждались.
В начале 1991 года, после Нового года, я собрался поехать в село проведать своих родителей. Туда дорога шла через грузинское село Эредви. Уже было небезопасно, поэтому все ездили в сопровождении военных внутренних войск СССР, которые еще были здесь. Но и они были не очень надежны.
Я приехал, и увидел, что в селе осталась только моя бабушка. Грузины уже приходили туда. Мои родители были тогда еще молодыми, отцу было около 50 лет. Конечно, мужчинам оставаться там было очень небезопасно, они ушли в село моей матери, в ущелье малой Лиахвы.
Село было пустое, некоторые дома уже разбирали, на блоки, стройматериалы. Забрали даже надгробные камни с могил моего дедушки и его брата.
Мы забрали несколько стариков из села, но моя бабушка отказалась ехать. Сказала, что ей ничего не сделают. ее и правда не тронули, но все ее имущество забрали. Ее привезли сюда потом, когда ситуация уже серьезно ухудшилась.
Когда мы возвращались из села, нас остановили грузинские неформалы на «ТЭКе», у въезда в Цхинвал. Нас было около 20 машин, и еще по одной военной машине сопровождения в начале и в конце колонны. Когда нас остановили, я посмотрел назад, но бронетранспортера, который ехал за нами, уже не было.
Всех заставили выйти из машин. Некоторым удалось сбежать, они кинулись вниз через заросли в сторону города. А нас уже даже из машины не выпустили, мы ехали в кузове грузовика. Нас заперли там и повезли в сторону Мегврекиси. Помимо нашей машины, грузовика, забрали еще две легковые машины.
Нас, впятером, выгрузили в селе, у их штаба в Мегврекиси. Это было двухэтажное здание, красноватое. Все пытались нас бить, и женщины, и мужчины. Избили нас сильно, и ногами, арматурой, прикладами автоматов. Там, среди них, оказался мой знакомый. Гурам его звали, он работал в авиационном заводе со мной. Я едва мог смотреть, глаза опухли. Я спросил его: «Гурам, это ты?». Он говорит: «Мере ра? (И что)?». Я сказал ему: «Мы же 6 лет вместе проработали, ты же меня знаешь, я что, экстремист?». Он сказал только: «Те времена закончилось».
Нас потом забрали оттуда, закинули в машину и привезли обратно на ТЭК. Сказали, что хотят обменять нас на двоих убитых грузин. Но не получилось, не знаю, почему. Нас повезли обратно, по их разговорам, я так понял, что нас везут убивать. Я кое как раздвинул двери кузова, нижнюю часть, и выскользнул оттуда, прямо на ходу. Я упал и потерял сознание. Это было где-то между Цхинвалом и Мегврекиси. Было около 12 часов ночи. Очнулся я уже в Тквиавской больнице. Я пока не мог понять, где я, думал, что в больнице в Мегврекиси. В палату зашла санитарка, старая женщина. Она начала причитать, жалела меня. Я спросил ее, как я сюда попал. Она сказала, что меня привезли на «Ниве». Я попросил ее помочь мне сбежать оттуда. Она вышла, а потом в палату пришел главврач, мужчина, лет под 60 ему было. С ним было две практикантки. Они особенно пытались меня унизить, ударить, одна даже плюнула в меня. Главврач их останавливал, но тоже был очень груб со мной. Говорил: «Когда вы видели, чтобы заяц с тигром дрался? Как вы смеете с нами воевать?». Потом пришла снова эта санитарка, и стала его просить отпустить меня, говорила, что я все равно сильно избит, неясно, выживу ли вообще. Она долго упрашивала, потом они наконец согласились.
Приходили ко мне и те, кто привез меня на той «Ниве». Их было трое, не знаю, они хотели меня убить или избить опять. Но перед ними встала снова та санитарка, и упрашивала их пощадить меня. Один все же ударил меня прикладом по голове. А санитарка потом им сказала, что если они такие храбрые бойцы, то пусть поедут в Цхинвал и воюют там.
Когда эти неформалы ушли, меня посадили в машину скорой помощи. Шофер довез меня до Тквиави, там дорога поворачивает в сторону села Арцеу. Он высадил меня там, сказал, что боится дальше ехать. Дал мне два рубля, сказал, что будет проезжать автобус из Гори и на нем я смогу доехать до места. Я до сих пор ему благодарен. Там, на перекрестке, был кран, я подошел и подставил голову под воду. Я не мог идти, было сотрясение мозга, был избит. Оказалось, что там на остановке стояли две мои односельчанки. Они ехали на автобусе Плависмани-Гори в Каралет, там были их дети. Но неформалы проверяли автобусы, и их, осетинок, высадили их из автобуса. Они тоже ждали транспорт, чтобы добраться обратно. Они подбежали ко мне, стали спрашивать, что случилось.
На наше счастье мимо проезжал знакомый, грузин. Его жена была из нашего села, он ехал проведать родственников жены. Он посадил меня в машину, вернее, положил на заднее сиденье, сидеть я не мог. Две мои односельчанки тоже сели рядом и закрыли меня собой, чтобы меня не увидели на постах. Он нас довез до нашего села, до села Отреу.
Потом я узнал, что стало с другими, которые были со мной в машине. Они рассказали, что в очередной раз их хотели куда-то везти. Но подъехала машина, «Виллис», там сидели люди в форме, в погонах. То-ли грузинские военные, то-ли милиция. Они стали ругать этих неформалов, сказали, чтобы осетин немедленно отвезли туда, откуда их забрали. Говорили, «мы что, в конце концов, звери, или люди?». Их привезли на окраину села Арцеу и оставили там, на той же машине, на которой забрали.
Нас уже искали, привезли в Цхинвал. Я долго в больнице пролежал, больше месяца. Отказывали ноги. Потом дома долго лечился.
Как-то днем я сидел во дворе под деревом, ко мне пришли парни, и сказали, что схватили того самого Гурама, который со мной работал а потом избивал меня в Мегврекиси. До этого я ведь им рассказывал про него. А он не ожидал, что я жив, меня ведь увезли убивать, он так думал. Он приехал в Цхинвал, проведать свою квартиру, и когда мои друзья его увидели, посадили в машину и привезли ко мне.
Когда он увидел меня, он весь поменялся в лице. Я был очень на него зол, и не отпустил бы его. Хотя я очень многим грузинам помог. Ведь мы знали друг друга, если я знаю, что этот человек не при чем, я ему помогу. Но этого я не хотел отпускать, ни за что бы ему не помог. Он пробыл здесь в плену полтора месяца, потом его обменяли. Когда я узнал, что его отпустили, разозлился. Я виноват за это перед богом, но я не хотел, чтобы его отпускали живым.
_______________________________
Из цикла „Живая память — Южная Осетия 1991/2008“
Текст: Зарина Санакоева
Фото: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевич из архива