გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Афтид хæдзары бадт æмæ куыдта | Елена Хараули

Смотрите текст на русском языке ниже

Елена Хараули, 78-аздзыд, Знауыры районы Недлаты хъæу, 1991 азы онг

Цыма уæларвæй æрыхстой. Фæмард ирон сывæллон. Ничи йæ зоны кæй нæмыгæй фæмард. Гуырдзиаг фехста æви – ирон. Цыппараздзыд лæппу сывæллæтты цæхæрадоны фæзиан. Уыцы æвирхъау цауы фæстæ ирæттæ бацыдысты сыхаг хъæу Ахалшенмæ æмæ амардтой ацæргæ ус æмæ лæджы хæргæ-хæрын. Васькайы амардтой хъæды. Æрдузы уыд, сугтæм ацыд æви æндæр цæмæдæр, фæлæ йæ амардтой. Йæ мард ын ссардтой фæстæдæр.

Нæмгуытæ нæ сæрты тахтысты. Арв иууылдæр уыд сырх. Уыд 1989-æм аз. Хорз æй хъуыды кæнын, змæстытæ зымæджы райдыдтой.

Нæ хъæу æмæ Цхинвалы ‘хсæн ис 31 километры. Змæстытæ цадæггай райдыдтой. Зæгъæм, Цхинвалæй ирон æрбацыд æмæ цыдæр дзуапп æрбахаста, мах ын нæхирдыгон дзуапп дæттæм æмæ нæ бадзырдтам, афтæмæй адæм репликатæй райдыдтой быцæу ныхæстæ кæнын, ома, «ды ацæудзынæ, æз баззайдзынæн». Афтæ мæм каст, цыма ирæттæ хъуамæ ацыдаиккой. Цыдæр хай сæ ацыд, мах та – гуырдзиæгтæ баззадыстæм. Фæлæ уыцы ирæттæ фæстæмæ æрбаздæхтысты æмæ уавæр фæивта уыдоны пайдайæн, зæгъгæ, «æрбакæсут, мах ныр ам стæм, æмæ ардыгæй чи ацæуа, уый фендзыстæм». Растæндæр афтæ уыд, уыдон æрцыдысты æмæ мах ацыдыстæм. Се ‘рдæгæй фылдæр уыдысты цæгатирыстойнаг ирæттæ.

Фæстагмæ-иу ирæттæ хъилтæ æмæ лæдзгуытæ райстой æмæ хъахъхъдтой, мыййаг, дам, гуырдзиæгтæ куы æрбабырсой. Афтæмæй цардыстæм тасы бын. Æрбацыдысты-иу æмæ-иу алыцы дæр ныффалгæрон кодтой. Кæсыс та, æмæ та гуырдзиаджы хæдзарыл арт бандзæрстой. Мах æппæт дæр уыдтам, фæлæ нæ бон ницы уыд, æрмæст-иу ныккæндты ныббырыдыстæм. Уыдон нæм æртхъирæнтæ кодтой. Иутæ-иу ироны амынæты куы систой, уæд-иу иннæтæ хъæр кодтой, зæгъгæ, уыдон дæр гуырдзиаджы сисдзысты амынæты. Мах æхсæвиуат кодтам цæхæрадæтты, сæндæтты. Иуæй-иу хатт та хуымæтæджы æхстой, цæмæй нæ фæтæрсын кæной, уый тыххæй. Нæмгуыты фæдтæ алы рæтты уыдысты, хæдзæрттыл, уынгты… Нæ фос нын атардтой, не ‘хца дæр-иу нын байстой. Дзырдтой-иу, уыдонæй автоматтæ балхæндзысты æмæ мах æхсдзысты.

Иуæй-иу хатт-иу кæйдæрты акодтой æмæ сæ фарстой, кæй фарс сты, уымæй. Дзырдтам сын, ирæтты ‘хсæн кæй райгуырдыстæм æмæ схъомыл стæм, кæй никæй ныхмæ уыдыстæм æмæ кæддæриддæр семæ хорз кæй цардыстæм, уыдæтты тыххæй. Уырнын сын кодтам, ацы змæстыты размæ æппæт дæр хорз кæй уыд æмæ чи у ирон æмæ чи – гуырдзиаг, уыдæттæ кæй никæй цымыдис кодтой.

Æз цардтæн мæ лæг æмæ ме ‘ртæ сывæллонимæ. Сывæллон уыдтæн, фæлæ мæ бинонты мæхæдæг сæ къахыл слæууын кодтон, æппæт дæр мæхæдæг балхæдтон. 25 азы хуыйæн фабрикæйы Цхинвалы филиалы фæкуыстон ирæттимæ. Козайы фырт, Пухайы фырт… алкæимæ дæр сæ хорз уыдтæн. Мах нæ кастыстæм, чи цы бынаты кусы, уымæ, куыстам фæрстæй-фæрстæм.

Мæ лæппуйы натлиа ирон у. Мæ лæг хорз шофыр уыд, адæмы ‘хсæн дæр ын хорз ном уыд. Ирæттимæ нын ахæм хорз ахастытæ уыд, æмæ-иу хæдзары куынæ уыдтæн, уæд нæм-иу ирон лæппутæ куы бацыдысты хæдзармæ, уæд-иу уазалгæнæн сæхæдæг бакодтой æмæ сæ цы хъуыд, уый райстой æмæ йæ бахордтой. Политикæйы тыххæй æппындæр ничи ницы дзырдта.

Фæстæдæр, пикеттæ куы фæзындысты, уæд дзы чи лæууыд, уыдонæй бирæты зыдтон, кæцыдæртимæ скъолайы иу къласы ахуыр кодтон. Уыд нын иу скъола, æмæ дзы ахуыр кодтой ирæттæ дæр æмæ гуырдзиæгтæ дæр. Иууылдæр уыдыстæм иу скъолайы рауагъдонтæ, фæлæ ауæй кодтой хæлардзинад æмæ слæууыдысты постты.

Иу хатт, зымæджы æмбис мах Ныгуылæнæй здæхтыстæм. Чындзæхсæвмæ ацыдыстæм. Мит уарыд. Нæ фысымтæ нын хæрынæн немæ цыдæртæ нывæрдтой, уыдис дзы хъыбыл æмæ афтæ дарддæр. Сыхаг хъæуы уыд ирæтты пикет. Æз лæппутæм машинæйы рудзынгæй ралæвæрдтон хæринæгтæ, загътон сын, цæмæй басихор кæной æмæ нæ уыдон дæр ауагътой.

Райдианы уыдон махæй тарстысты, фæлæ куы райстой барамынд æмæ уырыссæгтæ куы æрцыдысты, уæд бронетраспортертæй дæлæмæ нæ хызтысты.

Махæн уыд сыхаг. Мерикъо йæ хуыдтой. Йе ‘взаг даргъ уыд. æртхъирæнтæ-иу кодта, зæгъгæ, ирæттæй исчи куы фæзына, уæд ын йæ сæр ныцъист кæндзынæн. Уыцы ныхæстæ ирæттæ фехъуыстой æмæ йæм æхсæвы фæзындысты. Ахæм хъыллист кодта… Йæ хæдзар нæм æввахс нæ уыд, фæлæ мах æппæт дæр хъуыстам. Йæ лæг махмæ уыд. «Гайоз! Гайоз!» æххуысмæ хъæр кодта Мерикъо, фæлæ лæг йæ сæр йæ риумæ æрæппæрста æмæ йæ бынатæй сызмæлын дæр йæ бон нæ уыд. Уый фæстæ Мерикъон дзырдта, зæгъгæ, йæ газы баллонæй хъавыдысты ныцъист кæнын. Цы йын сарæзтой, уымæн æз ницы зонын, фæлæ йæ лæгимæ цæрынмæ ацыдысты Рустаумæ, сæ чызгмæ. Уым бирæ нæ ацардысты. Сæ кар дæр, хæст дæр…

Мах мæ лæгимæ куы дыргъдоны æхсæвиуат кодтам, куы – сыхæгтæм. уæллаг уæладзыджы-иу лампа судзгæйæ ныуууагътон æмæ-иу ацыдтæн хæстæджытæм. Афтæ мæм каст, рухс куы феной, уæд бацæуынмæ йæ ныфс ничи бахæсдзæн… Мæ мады æмхæрæфырт ирæттæм мойгонд уыд. Æхсæв-иу уыдонмæ уыдтæн, фæлæ мын иу æхсæв сæ лæппу мæ мебель аласта. Дыккаг бон мын загътой дæ мебель, дам, афардæг… Спальни ма ныууагътой, иннæты иууылдæр аластой. Æз та мæ мебель хъахъхъæдтон… Хæрзæвзонгæй сæ балхæдтон æмæ сæ кæй фесæфтон, уый мын тынг зын уыд.

Уым лæууын ницыуал пайда уыд. Чызджытæ майгонд уыдысты, лæппуйыл та 18 азы цыд. Уый гуырдзиæгты пикеты лæууыд. Куы йæ базыдтй, уæд тынг фæтарстыстæм, уымæй дæр уæд амардтой мæ лæджы хæрæфырты. 1991-æм азы 21 майы йæ амардтой. Бронетранспортер фæзынд Кодайы хъæуы, уым уыд гуырдзиæгты лагерь. Темури куы федта ирæттæ æрбабырстой, уæд сын сæ фæндаг æрæхгæдта, сæ разы автоматимæ æрлæууыд. Фехстой йæ æмæ йæ æрдузы амардтой. Йæ мард ын дыккаг бон ссардтой, йæ автомат йæ фарсмæ уыд, афтæмæй.

 Мах нæ лæппуйæн тарстыстæм, тынг ын тарстыстæм, уымæн æмæ ирæтты æхста.

Уый фæстæ æрбацыд иу ирон, мæ лæджы зонгæ. Загъта нын, зæгъгæ, нæ бон у уыдонмæ бамбæхсын, райсомы, зæгъ, ахъуыздзыстут. Дзырдта нын, кæннод, дам, уæ амардзысты. Мах уыцы æхсæв алыгъдыстæм, калоштæ скодтам, афтæмæй. Агарайы онг бахæццæ стæм. 18 километры къахæй ацыдыстæм. Махмæ æввахс фæндаг фæзилы Знауыры ‘рдæм. Ницы нæм уыд, афтæмæй цыдыстæм къахæй хъæдтыл иугай, дыгай адæймæгтæй… Ирæттæ лæууыдысты пикеты автоматтимæ. Чи нын фæтæригъæд кодтаид?

Тбилисмæ æрцæугæйæ, мах иу мæй цардыстæм мæ хомæ иухатæнон фатеры. Мæ лæгимæ фынæй кодтам мæ хойы дæлфæдтæм. Йæ сывæллæттæ æмæ чындз дæр уым цардысты. Стæй ардæм рацыдыстæм. Ам, ацы хъæдын коттеджтæ ахæм æвзæр уавæры уыдысты, ахæм цъыф дзы уыд, фæлæ сæ мæ лæппу рацарæзта, фæткмæ сæ æркодта æмæ ус дæр ракуырдта.

Уыд, уырдæм куы цыдысты, ахæм рæстæг дæр. Æз дæр иунæгæй ацыдтæн уырдæм. Нæ алыварс ничи зынд, хæдзары дæр ницыуал уыд. Бадын афтид хæдзары æмæ кæуын, кæуын хъæрæй, фæлæ мæ ничи сабыр кæны æмæ æз дæр мæхæдæг æрсабыр дæн. Сыстадтæн æмæ ацыдтæн.

Уый фæстæ иууылдæр цыма æрсабыр сты æмæ та æз дæр ацыдтæн. Мæ чындзы дæр мемæ акодтон. Уый йæхибар нæ уыд фыццаг сывæллонæй. Фæндыд мæ фенын ын кодтаин нæ комбæстæ. Хорз уыд нæ комбæсты… Хæдзары ницыуал ссардтам, нæ дæр фыццаг уæладзыгыл, нæ дæр – дыккагыл. Алцы дæр ахастой, æгæрыстæмæй, къултæй электроны телтæ дæр рафтыдтой, алырæтты та нæмыджы фæдтæ уыд.

Нæ хъæуы бакомкоммæ ирон хъæу ис. Мæ чындз æмæ йе ‘мбал уынджы лæууыдысты. Уыцы рæстæджы ирон хъæуæй машинæйыл рацæйцыдысты гæрзифтонг адæймæгтæ. Чызджытæм куы баввахс сты, уæд машинæйы авг æруагътой, сæ хæлæфтыл æрхæцыдысты æмæ сын уыдæттæ, мæнæ сæ … æвдыстой. Мæ лæппуйæн йæ бон нæ уыд ахæм цыдæртæн быхсын æмæ рацыдыстæм уырдыгæй.

Нæ хæдзары бынаты ныртæккæ ис хъæд. Куы бацæуон, уæддæр дзы цы хъуамæ аразон? Хъæу мард хъæу у, цæрæг дзы нал ис. Уыцы бынæттæ куы ныууагътон, уæд мыл 48 азы цыд, ныр та мыл 78 азы цæуы. Æрбаздæхыны тыххæй хъуыды кодтам, фæлæ æгæр бирæ рæстæг рацыд, бирæ…

 

«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Текст: Тамар Бабуадзе
Транскрипт: Мариам Урушадзе
Къам: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевичы архивтæй.

Сидела в пустом доме и плакала

Елене Хараули, 78 лет, деревня Недлати, Знаурский район до 1991 года

Как будто выстрелили из неба. Осетинский ребенок умер. Никто не знает чья пуля его убила, грузин стрелял или осетин. Четырехлетний малыш в садике умер. В ответ пришли осетины в соседнее село, Ахалшени называется, и убили пожилых супругов, когда те кушали. Ваську убили в лесу. На поляне был, то ли за дровами ходил, то ли зачем-то еще и убили. Труп нашли несколько позднее.

Пули летали над нашими головами. Все небо было красное. Стоял 89 год. Зимой все началось, хорошо помню.
31 километров между нашей деревней и Цхинвали. Все потихоньку замутилось. Например, приходит осетин из Цхинвали и приносит какой-то ответ, мы свое ему говорим и не договариваемся. Вот и начали люди репликами обмениваться, вроде "ты уедешь, я останусь". Сначала казалось, осетины должны были уехать. Уехала какая-та часть, а мы остались, грузины, но потом вот эти вот осетины появились и ситуация изменилась в их пользу, мол смотрите, мы уже тут и увидим, кому придется уходить. Так оно и было, они пришли, а мы ушли. Больше половины были осетины с севера.

Под конец осетины брали палки и дубья и караулили, как бы грузины не напали, а мы жили под страхом. Приходили да и разносили все подряд. Глянешь, соседа подожгут. Видели мы все, но сделать не могли ничего, кроме как залезть в какой-нибудь подвал. Угрожали они нам. Возьмут одни осетина в плен, так другие начинают кричать, что возьмут грузина. Мы в садах ночевали, в виноградниках. Иногда стреляли просто так, ну, чтобы держать нас в страхе. Следы от пуль были везде, на домах, во дворах... Угнали наш скот, да и деньги отбирали. Говорили, что купят на них автоматы и в нас же будут стрелять.
Иногда забирали людей и допрашивали, мол, на чьей вы стороне. Говорили мы, что родились среди осетинов, не имели ничего против кого-либо и всегда очень хорошо с ними общались. Уверяли, что до этой заварухи все было хорошо и никто не интересовался, кто осетин, кто грузин.

Я жила с мужем и тремя детьми. Была совсем ребенком, когда семью на ноги поставила, сама все приобрела. 25 лет проработала на швейной фабрике, в цхинвальском филиале, у осетинов. Козаев, Фухаев... Со всеми общалась. Мы не смотрели, кто кем был, работали бок о бок.

Крестный моего сына осетин. Мой муж был очень заслуженным водителем и пользовался очень хорошим именем. У нас были настолько хорошие отношения, что, придя к нам домой, если я была на работе, осетинские ребята сами открывали холодильник и угощались. Никто не говорил ни слова о политике.
Позднее, когда появились пикеты, я многих среди них знала, училась с некоторыми в одном классе. Была одна школа на всех _ грузины и осетины, все выпускники одной школы, но продали они отношения и стояли на постах.

Как-то раз, посреди зимы, мы возвращались с запада. На свадьбу ездили. Шел снег. Хозяева положили нам кое-что из еды, поросенка и так далее. В соседнем селе был осетинский пикет. Я передала парням еду через окно и сказала, чтобы угощались, а они нас отпустили.

Поначалу они боялись нас, но когда вышел приказ и приехали русские, с бронетранспортеров не слезали.
У нас была соседка. Мерико ее звали. Немного длинный был у нее язык: Грозилась, мол, если кто из осетинов посмеет появиться, всем головы раздавит. Узнали они об этом и нагрянули на ее дом ночью. Так вопила... Неблизко ее дом стоял, но мы все слышали. Ее муж у был нас. "Гаиоз, Гаиоз", звала Мерико, а он ежился, не мог с места двинуться. Потом Мерико рассказывала, что газовым баллоном пытались ее придавить. Не знаю, что они там с ней сделали, но они с мужем в Рустави переехали жить, к дочери. Долго они там не протянули. Возраст, война...

Мы с мужем ночевали то в саду, то в подвале, то у соседей. Оставляла зажженную лампу на верхнем этаже, а сама шла к родственникам. Думала, увидят свет, может не посмеют... Двоюродная сестра моей матери была замужем за осетина. У них я ночевала, но однажды, когда я лежала у них, их сын увез мою стенку. На другой день мне сказали, что уехала моя мебель... Все забрали, кроме спальной мебели. Я-то мебель сторожила... Совсем ребенком была, когда все обустраивала. Вся молодость в этом прошла и жалко было терять.
Нечего мне было там оставаться. Девочки были замужем, а мальчику было 18. Он на грузинском пикете стоял. Мы испугались, когда они об этом узнали, тем более, что племянника моего мужа убили тогда.

21 мая 91 года убили его. Бронетранспортер появился в деревне Кода, в которой был грузинский лагерь. Увидел Темури, что осетины наступали и преградил им дорогу, с автоматом в руках. Выстелили в него и убили на поляне. Убитого нашли на другой день. Автомат лежал рядом с трупом.

Нам было страшно, очень страшно за нашего сына. Он ведь стрелял в осетинов.
Потом пришел один осетин, знакомый моего мужа. Предложил, что можем ночью у него спрятаться, а на утро поможет сбежать. Говорил, что убьют нас иначе. Мы ушли той же ночью, обутые в колоши. Добрались до Агары. Пешком прошли 18 километров. Не доезжая до нас, дорога сворачивает в сторону Знаури. Добирались пешком, без ничего, через леса, по одному, по два человека... Осетины стояли на пикете, с автоматами. Кто бы нас пощадил?

Приехав в Тбилиси, мы месяц прожили у моей сестры, в однокомнатной квартире. Мы с мужем лежали у сестры в ногах. Ее дети и невестка жили там же. Потом мы переехали сюда. Тут была такая грязь, в этих деревянных коттеджах, но сын все переделал, навел порядок да и женился.
Был момент, когда можно было туда заезжать. Вот я и поехала, одна. Никого вокруг не было видно да и в доме не было больше ничего. Сижу я в пустом доме и плачу, громко плачу, громко, но никто меня не успокоил и я сама успокоилась. Встала да и ушла.

Потом вроде все утихомирилось и я опять поехала. Невестку с собой взяла. Она была беременна первым ребенком. Хотела показать ей наше ущелье. Хорошее было у на ущелье... Ничего в доме не нашли, ни на первом этаже, ни на втором. Все забрали, даже шнуры со стен повыдергивали, зато везде были следы от пуль. Напортив нашего села осетинская деревня. Моя невестка и ее подруга на улице стояли, когда вооруженные осетины, с той деревни, мимо нас проехали. Опустили стекла, спустили штаны и показали им, ну, это... Не мог мой сын такое терпеть и уехали они оттуда.

На месте нашего дома сейчас лес. Даже если вернусь, чем там займешься? Деревня мертва. Мне было 48, когда покинула те места, а сейчас мне 78. Думали, что вернемся, но много времени прошло, много...


________________________________________________________________
Из цикла «Живая память- Южная Осетия 1991/2008»

Текст: Тамар Бабуадзе
Транскрипт: Мариам  Урушадзе
Фото: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевич из
архива.

loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა