Ныфсæвæрд | Марина, 53-аздзыд, Тбилис
16.07.2021 | 7 წუთიანი საკითხავიСмотрите текст на русском языке ниже
Ме ‘мбал ирон чызг гуырдзиагæй смой кодта 1991 азы, хæст йæ тæмæны куы уыд, уæд. Чындзæхсæв уыд хисты хуызæн. Уыцы рæстæджы ирон кафт акæнын уыд исты хъæбатырдзинад равдисыны хуызæн. Мæ цардæмбал арæх заказ кодта ирон кафт, мæнæн кæй кад кодта, уый нысанæн. Уæд хыл ракъахынæн æфсон агуырдтой æмæ æз тынг тарстæн мæ цардæмбалæн амарынæй.
Звиады фæстæ ацыдысты гуырдзиæгтæ, æндæра советон дуджы æз никæмæй ницы фæхатыдтæн, ирон кæй уыдтæн, уый кæд не ‘мбæхстон, уæддæр. Алы хатт дæр мæ зæрдæ рыст, фыртасæй сæ мыггæгтæ чи ивта æмæ сæхи ирæттæ чи нæ хуыдта, уыдонмæ кæсгæйæ. Ойы, Звиады размæ дæр ахæм цыдæртæ цыд, фæлæ уый рæстæджы ацы хъуыддæгтæ модæйы тынгдæр уыдысты. Архивты дæр ивтой сæ мыггæгты. Ме ‘рвадæлты лæппумæ дæр уыд ахæм документ, зæгъгæ, нæ мыггаг дæр рацыд Мтиулетийæ, фæлæ зæгъ, цард афтæ рауад, æмæ нæ фыдæлтæ бахаудтой, ирæттæ кæм цардысты, уырдæм æмæ ирон æвзаг ссис сæ мадæлон æвзаг, сæ мыггаг дæр русификацийы æндæвдады бын ныххæлæццаг. Мæнмæ дæр уыд ахæм документ. Кæд гæххæтты гæбаз уыд, уæддæр мæ фервæзын кодтаид, исчи мæм куы æрбацыдаид, уæд…
Уыцы хъуыддаг Кутаисы хуыздæр уыд, æвæццæгæн дзы бирæ ирæттæ кæй нæ цард, уый тыххæй. Æз чындзы уым ацыдтæн. Уыцы горæты ирæттæм ахасты фыдæхдзинад нæ уыд, бынтондæр нæ уыд, фæлæ Картлийы, Гур æмæ Тбилисы стыр æвирхъау хабæрттæ цыд.
Мæ бинонтæ Гуры цардысты. Мæ фыды æфсымæртæ дæр уым цардысты, сæ иу цард сыхаг корпусы. Йæ фынддæсаздзыд чызджы йын дыууæ хатты аскъæфтой. Аскъæфтой-иу æй æмæ-иу ын йæ фыдæн загътой, цæмæй цасдæр æхца цыдæр фондмæ бахынца, зæгъгæ, «афтæ ма ахъуыды кæн, æмæ мах абырджытæ стæм, уыцы æхцатæ мах хъæуынц стых хъуыддæгтæ аразынæн». Лæг-иу ралыгъд йæ магазинмæ, æхца-иу рахаста æмæ-иу сæ радта скъæфджытæн. Афтæ дыууæ хатты раздæхта йæ чызджы.
Уыцы аз мæ иннæ фыдыфсымæр фæзиан. Æз мæхибар нæ уыдтæн. Мæ фыдыфсымæры ус Цхинвалæй уыд æмæ йæ уырдыгæттæ зыдтой Гуры хорз фатеры кæй цард. Иу бон æм дуар бахостой, бахызтысты мидæмæ æмæ йын загътой, зæгъгæ, «абонæй фæстæмæ мах ам цæрдзыстæм». Фатеры дæгъæлтæ райстой æмæ ацыдысты. Мæ фыдыфсымæры ус мæ фыдмæ балыгъд. Йæ лæппутæ уæд Уæрæсейы куыстой, йæхæдæг та йæ кæстæр чызгимæ цард. Мæ фыд бацыд æмæ дуары гуыдыр раивта æмæ йæ чындзы æрсабыр кодта, зæгъгæ, ничиуал бацæудзæн дæ фетермæ. Цалдæр боны фæстæ æртæйæ бацыдысты мæ фыдмæ æмæ йæ мæлæтдзаг над фæкодтой.
Куы йæ надтой, уæд æм балыгъд, цы чызджы-иу аскъæфтой, уый æфсымæр, сæ иуы дзы фæцæф кодта æмæ алыгъд, фæстейæ йæ автоматæй æхстой, фæлæ йæ не сцæф кодтой. Фыд уый куы федта, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма та йын йæ чызджы скъæфынмæ хъавынц æмæ йæ чызгимæ алыгъд. Мæ фыд та уым хаудæй баззад. Чизоны фервæзтаид, фæлæ йæм æввахс ничи бацыд, афтæмæй амард. Уæд ыл цыд 44 азы.
Мæ фыдыфсымæры усы фатер уæддæр байстой, фæлæ йæ тæрхондоны фæрцы фæстæдæр байста.
Джони хæстмæ ацыд. Абхазы хæцыд. Сæ бон нæ бацис йæ бауромын. Гуырдзиæгтæ дзырдтой, зæгъгæ, Цхинвалмæ хæцынмæ нæ ацыд, фæлæ Абхазмæ хъуамæ ацæуа. Ныр æй бамбæрстон, афтæ цæмæн бакодта, уый. Уый фæндыд сбæлвырд кæнын ам цæрыны бар уымæн дæр кæй ис… Цæмæй йын йæ хойы ма давой… Ма йын нæмой йæ фыдыфсымæры æмæ йын йæ фыдæй æхца ма исой… Фæндыд æй сбæлвырд кæнын, уый дæр йæ райгуырæн бæстæйы кæй уарзы, фæлæ Абхазы хæсты фæмард. Йæ мæрдон хуыз ын ме ‘фсымæр нæ федта, йæ бон не ссис - иумæ хъомыл кодтой.
Гуырдзыстонмæ æрцæуын цы гуырдзиæгты фæндыд, уыдон-иу бацыдысты мæ фыдмæ. Фæндыд сæ сæ фатертæ баивын, фæлæ сæ мæ фыд æввахс дæр нæ бауагъта. Йемæ хыл кодтой, уый дæр семæ хыл кодта, дзырдта сын, зæгъгæ, гуырдзиæгтæй ницæмæй æвзæрдæр у…
Уыцы рæстæджы Звиад рацу-бацу кодта, æмбырд кодта адæмы æмæ митингтæ уагъта. Дзырдта сын: «Цæмæн уæ хъæуы хъæздыгдзинад? Ауæй кæнут уæ сыгъзæринтæ æмæ балхæнут хæцæнгарз. Алчи дæр уæ ацæуæт йæ хæдзармæ… Гуырдзыстон – гуырдзиæгтæн».
Кæм райгуырай, уый ничи февзары. Нæ йæ равзæрстой нæдæр мæ фыд, нæдæр уый фыд. Ам чи цæра æмæ чи нæ цæра, уый Звиадмæ кæцæй хаудта.
Мæ фыд ирон кæй уыд, уый тыххæй йæ йæ куыстæй ссæрибар кодтой. Уый йæ тынг ацъæл кодта, тынг маст ын уыд, йæ бон нæ уыд йæ бинонты дарын æмæ уæд мæ мад Туркмæ цæуын райдыдта æмæ-иу уырдыгæй цы æрласта, уыдон уæй кодта æмæ бинонтæ уымæй цардысты. Уый фæстæ цæрынмæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ. Мæ фыдæн зын уыд Цæгат Ирыстоны цæрын, нæ дзы фæрæзта. Телефоны-иу мæм фæдзырдта æмæ мын лæгъстæ кодта, цæмæй йæ ракодтаин. Дзырдта-иу мын: «Мæ чызг, ам мæ ма ныууадз, акæн мæ æмæ куы амæлон, уæд мæ мæ фыды цур баныгæн». Æз ын дзырд радтон, кæй йæ ракæндзынæн, уымæй, фæлæ, хъыгагæн, мæ дзырд нæ сæххæст кодтон. Дзæуджыхъæуы амард æмæ йæ уым баныгæдтам.
«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008» -ы циклæй
Интервью: Тео Кавтарадзе
Текст: Нино Ломадзе
Обещание
Марина, 53 года, Тбилиси
Моя подружка, осетинка, вышла замуж за грузина в 1991 году, самом разгаре войны. Свадьба походила на поминки. В ту пору сыграть осетинский танец было все равно что совершить подвиг. Мой муж иногда заказывал осетинский танец, в знак уважения ко мне, но и причину искали чтобы придраться к кому-нибудь, а я все боялась за его жизнь.
Люди последовали за Звиадом, а то в советское время я ничего не чувствовала, хоть и не скрывала, что осетинка. Все время душа болела, глядя на тех, что из-за страха отказывались от собственного «я», фамилии переделывали и утверждали, что они не осетины. До Звиада тоже происходили такие вещи, но при нем все это больше вошло в моду. В архиве переделывали фамилии. У моего двоюродного брата тоже был документ подтверждающий, что наш древний род происходил из Мтиулети, но жизнь распорядилась так, что наши предки попали в осетинскую среду, осетинский стал их разговорным языком, а фамилия была исковеркана под влиянием русификации. Такой же документ с печатью, был и у меня. Клочок бумаги, а ведь спасет, если кто придет за мной...
В этом смысле, в Кутаиси было свободнее. Может потому, что мало было там осетин. Я там вышла замуж. Не было в том городе ненависти, вообще не было, а вот в Картли, в Гори и Тбилиси творилось нечто ужасное.
Моя семья жила в Гори. Братья отца жили там же, один в соседнем корпусе. Его дочку, пятнадцатилетнюю девочку, дважды похищали. Похитят и скажут отцу, чтобы зачислил сумму в какой-то фонд возрождения, мол, не подумай, что мы разбойники, нет, эти деньги нам для высоких целей нужны. Бежал человек стремглав, брал деньги со своего магазина и отдавал. Два раза вернул дочку.
В том же году скончался другой дядя. Я была беременна. Тетя была из Цхинвали и тамошние знали, что в Гори она в хорошей квартире жила. Вот и стучат ей в дверь, входят и говорят: «С Сегодняшнего дня мы тут живем». Забрали ключи от квартиры и ушли. Прибежала тетка к моему отцу. Ее сыновья уже в России работали, а сама вместе с младшей дочкой жила. Отец пошел, поменял замок и успокоил ее, что никто ни смог бы зайти к ним в квартиру. Спустя несколько дней приехали на машине и избили отца насмерть. Трое их было.
Мой двоюродный брат, сын вот того дяди, у кого сестру дважды крали, все из окна видел. Прибежал и дал одному по лицу, но удрал, когда на него направили ружье. Пустили по нему автоматную очередь, но не попали. Увидев все это, его отец подумал, что опять дочь собирались у него отнять и сбежал вместе с девочкой, через задний двор. Мой же отец лежал на земле во дворе и никто не думал, что мог выжить. Тогда ему было 44.
Все равно забрали у тети квартиру, но потом вернула, через суд.
Джони ушел на войну. В Абхазии воевал. Не сумели его остановить, говорил, что не мог поехать в Цхинвали, но должен был бороться хотя бы за Абхазию. Сейчас я понимаю, почему он так поступил. Он хотел доказать, что заслуживал право жить здесь, чтобы не крали его сестру, не избивали его дядю и не вымогали у его отца денег. Хотел доказать, что он тоже любил родину. На той войне он и умер. У моего брата сил не хватило, увидеть его мертвого – они вместе росли.
Грузины, которые хотели вернуться в Грузии, приходили к отцу. Предлагали поменяться квартирами, но отец близко их не подпускал. Его оскорбили и он оскорблял, ругался, говорил, что, как грузин, он ничем не хуже...
В то время Звиад уже ходил, собирал людей и митинги устраивал. Говорил: «Зачем вам богатства? Продавайте золото, и покупайте оружие. Пускай каждый возвращается к себе домой... Грузию грузинам».
Никто не выбирает, где родиться. Не выбирали ни мой отец, ни его отец. Как Звиад мог распоряжаться, кому тут жить, а кому нет?
Раз он был осетином, Отца уволили с работы. Это его сломило и разрушило, будто бы разогнанный поезд врезался в стену... Чтобы прокормить семью, мать поначалу ездила в Турцию, но в конце концов они уехали во Владикавказ.
Отцу там было тяжело – даже не представлял другую страну кроме грузии. Какая-та другая коммуна во Владикавказе – здешние там чересчур разборчивы, держатся друг за другом, своими называют. Отец там жил всего несколько лет, но чувствовал себя узником. Звонил и каждый раз плакал: «Заберешь меня, дочка? Ведь не оставишь здесь? Похоронишь рядом с моим отцом?»
И я обещала, что сделаю все, как он хочет, но не смогла сдержать слово, там его похоронила. Я все еще не выполнила своего обещания.
Интервью: Тео Кавтарадзе
Текст: Нино Ломадзе