Хосы цъына | Марина Знанова, Ксуисæй, цæры Хурвалеты хъæуы
20.05.2021 | 6 წუთიანი საკითხავიСмотрите текст на русском языке ниже
Марина Знанова, 59-аздзыд, Ксуисæй, цæры Хурвалеты хъæуы
Æз нæдæр мæ мыггаг раивтон, нæдæр ницы… Адæймаг æцæгæй цы у, уый хъуамæ уа.
Мæ хъæу Ксуис у, Цхинвалы район. Æз уым райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, мой дæр уым скодтон. Ис мын фондз сывæллоны.
«Кæд ирон дæ, уæд хъуамæ ацæуай, æндæр гæнæн дын нæй!» Звиад бæстæ куы сызмæста, уæд-иу нæм æрбацыдысты æмæ-иу дзырдтой афтæ. Мæ ныййарджыты мын хæдзарæй куы расырдтой, уæд се ссарын мæ бон нæ уыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон ацыдысты Орджоникидземæ. Уæд уал мын цыппар сывæллон уыд. Хъæуы иу кæрон лæууыд мæ хæдзар, иннæ кæронæй та мæ ныййарджыты коттедж зынд. Дардæй йæм кастæн æмæ мæт кодтон, мыййаг мын мæ ныййарджыты куы амарой.
Мæ лæг гуырдзиаг у æмæ мæ мæ мад æрвылхатт дæр фæдзæхсгæ кодта, зæгъгæ, æз Гуырдзыстонмæ хауын æмæ мын уый ферох кæнын нæй гæнæн. Æз абон дæр æхсæвæй, бонæй уыцы бынæттыл хъуыды кæнын. Æгæрыстæмæй мын еныр дæр куы зæгъой, зæгъгæ, фæндæгтæ байгом сты, уæд бæгъæмвадæй дæр алидзин…
Мах уырдыгæй рацыдыстæм 2008 азы, æхстытæ куы райдыдтой, уæд, Кæсыс, æмæ та цыдæр судзы… Полици æмæ солдаттæ иууылдæр махмæ уыдысты. Чи сынтæгыл хуыссыд, чи - хъæдындзты голлагыл. Цыхт суарæй систой æмæ йæ бахордтой, æз та мæ лæгæн дзырдтон: «Нæхи нæ бахъахъхъæнын хъæуы».
Фæлурсæй Тбилисмæ ацыдтæн, мæ гемоглобин æрхауд. Хуыссыдтæн мардау æмæ телевизормæ кастæн, уым дзурынц, зæгъгæ, дам, хъæуты басыгътой. Куыд сæ басыгътой? Мæ хæдзар мын чи басыгъта? Мæ зæрдæ фæцæйскъуыд.
Мæ лæг нæ хъуццытæн фæтæригъд кодта æмæ йæ райдианы ацæуын нæ фæндыд, уый фæстæ та, мæзæрдейæ, нæмгуытæй куы кæм æмбæхст, куы та – кæм.. Фæстаг хатт æхсæвиуат кодта Тирдзнисы быдыры, Джаурайы. Къахæй Игоеты онг ацыд, стæй йæ уым патрулы машинæйыл сбадт кодтой æмæ æрцыд Глданы фæндзæм микрорайонмæ. Радзырдта нын, зæгъгæ, Мереты фæндагæй федта нæ хæдзар куыд ссыгъд, уый. Дыууæ мæйы фæстæ æз мæхæдæг бацыдтæн нæ хъæумæ æмæ ма дзы æнæсыгъдæй цы баззад, уыдон рахастон. Уырысæгтæ мын сæ рахæссынæн бар радтой.
Мæ мæгуыр хæдзар. Хæдзар та сын цы ракодта?. Мидæмæ куы бахызтæн æмæ куы федтон сынтæджыты, мæ Сандройы дзабыртæ пырхытæй, уæд мæ зæрдæ фæцæйскъуыд
«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Текст: Тео Кавтарадзе, Нино Ломадзе
Стог Сена
Марина Знанова, 59 лет, Ксуиси, проживающая в Хурвалети
Я не поменяла ни фамилию, ничего. Человек должен быть тем, кто он на самом деле есть.
Моя деревня Ксуиси, Цхинвальский район. Я родилась и выросла там, там же вышла замуж. У меня пятеро детей.
Раз ты осетин, ты должен уехать и все! Приходили и так говорили, когда Звиад замутил воду. Никак не могла найти родителей, когда их выгнали из дома. Оказалось, они перебрались в Орджоникидзе. Тогда я воспитывала четверых детей. В одном конце деревни стоял мой дом, а в другом конце виднелся коттедж моих родителей. Смотрела я на него издалека и переживала, как бы ни убили моих родителей.
Мой муж грузин и мать меня все время предупреждала, что я Грузии принадлежу и нельзя мне забывать про это. Ловлю себя в том, что днем и ночью о тех местах думаю. Даже сейчас, если скажут, что открылась дорога, босиком побегу...
Мы оттуда в 2008 году уехали, тогда, когда уже снаряды взрывались. Глянешь, горит что-то... Вся полиция и солдаты у нас ютились. Кто на кровати лежал, кто на сетке с луком. Достали сыр из рассола и покушали, а я повторяла мужу, что надо было спасаться.
Вся бледная в Тбилиси приехала – гемоглобин упал. Вот лежу, как мертвая и смотрю телевизор, а в нем говорят, что пережгли деревни. Как пережгли?! Как это подожгли мой дом? Разбилось тогда мое сердце.
Моему мужу коров было жалко и сначала не захотел уезжать, а потом, оказывается, то там от снарядов прятался, то тут. В последний раз он там ночевал в Тирдзнисском поле, в Джаура. Пешком до Игоети добрался, а там патрульная машина его подобрала и привезла в пятый микрорайон Глдани. Рассказывал, что видел с меретской дороги, как пламя охватила дом. Спустя пару месяцев я сама туда поехала и забрала то, что не сгорело. Русские дали увезти.
Мой бедный дом. Дом то чем им мешал? Чуть не умерла, когда зашла во внутрь и кровати увидела, да и разбросанную полусгоревшую обувь моего Сандро.
____________________________
Из цикла Живая память — Южная Осетия 1991/2008
Текст: Тео Кавтарадзе, Нино Ломадзе