გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Дыууæ пулеметы | Дзуццаты Владимир, Цхинвал

Смотрите текст на русском языке ниже

Дзуццаты Владимир, 55-аздзыд. Цхинвал

Æз афтæ нымайын, æмæ хæст райдыдта, Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ Звиад Гамсахурдия куы æрцыд, уæд, æниу нын бирæтæ уырнын кодтой, зæгъгæ, хæстæн нæй гæнæн, Советон Цæдис ахæм хъуыддаг нæ бауадздзæн.

Уый   фæстæ аскъуыддзаг кодтам хæцæнгарз самал кæнын. Махæн нæ бон бацис дыууæ стыр калиброн пулеметы самал кæнын, балхæдтам сæ æфсæддонтæй. Рафтыдтой сæ вертолеттæй æмæ сæ цæмæй къухæй фехсæн уыдаид, уый тыххæй сæ рацаразын хъуыд. 1991 азы 7-æм январы мæнмæ уыд АК 5-45. Уыцы рæстæджы дæм автомат АК 5-45 уыдаид, уый диссаг уыд.

Мæ хæдзарæй зынд горæтмæ æрбацæуæн. Райсомæй мах федтам «Икарус» автобусты колоннæ. Æз уайтагъд ацыдтæн ме ‘мбалмæ, мæ автомат уыдонмæ æвæрд уыд. Уый мын йæ плащ скæнын кодта, цæмæй йæ уый бын бамбæхстаин. Куыддæрты мын бантыст, гуырдзиæгтæ цы пикеттæ сæвæрдтой, уыдон цурты рахизын. Æз цы районы цардтæн, уый дæр гуырдзиæгтæ бацахстой. Уыцы рæстæджы дзырдтой Цхинвалы цæрджытæй, зæгъ, иуы амардтой.

Æз ацыдтæн, цæмæй фенон, горæты цы уавæр ис, уый. Гуырдзиæгтæ бацахстой базары дæр æмæ библиотекæйы дæр. Æз фембæлдтæн горæттаг лæппутæй цалдæрыл, аныхæстæ кодтам уавæры тыххæй. Æз сын загътон, цæмæй слæууыдаиккам Советон æмæ Ручъы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым æмæ 12 сахатыл хæрдмæ уæлдæфы æхстаиккам.

Мæнмæ æрбалыгъдысты дыууæ лæппуйы, дыууæ дæр уыдысты тынг тыхст. Бæрæг уыд, мæнмæ плащы бын автомат кæй ис. Лæппутæ мын уайдзæфгæнгæйæ дзырдтой: «Сис дæ автомат, кæдмæ йæ хъуамæ æмбæхсай? Марын нæ райдыдтой, дæ хæцæнгарз ма цы æмбæхсыс?» Æз мæ автомат куы систон, уæд лæппуты цæстытæ цæхæтæ акалдтой. Æз затвор æрбакъæпп кодтон. Нæ алыварс цы хæдзæрттæ уыд, уыдоны кæртыты бирæ адæм лæууыд, уыдон кастысты, цы цæуы, уымæ. Чидæр мæм фæхъæр кодта, библиотекæйы сæрмæ, дам, снайпер ис. Æз мæ бынат фæивтон. Æхсын райдыдтой, цы лæппутимæ ныхас кодтон, уыдон дæр. Æз æхстон автобусты, сæ цæлхыты. Нæ алыварс иууылдæр фæныфсджындæр сты. Æз сын бамбарын кодтон, кæй ис гæнæн æхсынæн.

Алырдыгæй мæм цæуын райдыдтой æххуысмæ, хастой мæм нæмгуытæ, æниу мæ автоматæн уыцы нæмгуытæ нæ бæззыдысты. Уыдонмæ хæцæнгарз нæ уыд. Сæ бон куыд уыд, афтæ иууылдæр æххуыс кодтой. Исты-иу сын куы бахæс кодтон, уæд-иу æй уадидæгæн сæххæст кодтой цырд æмæ дырысæй. «Молотовы коктейлтæ» сарзын уыдаид, æви сыстын æмæ мæн тыххæй уавæрмæ хъус дарын, æппæт дæр æххæст цыд æнæкъуылымпыйæ. Куы-иу фехстон, уæд-иу алы хатт дæр, уынджы цы адæм лæууыл, уыдон къухæмдзæгъд кодтой. Чысыл фæстæдæр ме ‘мбæлттæ пулеметы систой, Хъайтарты æмæ Исахъы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым уæвæг корпусы фæндзæм уæладзыгмæ æмæ уырдыгæй цалдæр хатты фехстой, фæлæ пулемет куыд æмбæлы, афтæ не скуыста. Уадидæгæн Хъайтарты уынгыл вокзал æрдыгæй æрцыдысты уырыссаг æфсæддонтæ БРДМ-ыл æмæ рупорæй сидтысты, цæмæй æхстытæ банцадаиккой.

Афтæ ацыд фыццаг бон, дыккаг бон… Фыццаг бонты æргом ныхмæлæудтыты онг хъуыддаг нæ бахæццæ. Куыдфæстагмæ мах пулеметы æмбæлон уагмæ æркодтам. Райдыдтам хæцæнгæрзтæ æмбырд кæнын. Цалынмæ горæтмæ не ‘рбабырстой, æмæ цалынмæ Мидхъуыддæгты министрады бæстыхай сæ къухы уыд, уæдмæ уал гуырдзиæгтæ аластой хæцæнгарты иууылдæр. Уый фæстиуæгæн нæ лæппутæ алцæмæй дæр пайда кодтой. Зæгъæм, скъолатæй æрæмбырд кодтой, НВП-йы кабинетты цы автоматтæ уыд, уыдон. Рацарæзтой сæ, фæлæ уæддæр иу æрбахæцтæн 3 – 4 нæмыджы йедтæмæ не 'хстой. Афтæ райдыдта ацы хæст.


«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Текст: Санахъоты Зæринæ
Къам: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевичы архивæй.


Два пулемета

Владимир Дзуццов, 55 лет. Цхинвал

Я считаю, что война началась когда пришел к власти Звиад Гамсахурдиа, хотя многие убеждали нас, что война невозможна, что Советский Союз не допустит такого.

Потом, решили позаботиться об оружии. Мы смогли достать два крупнокалиберных пулемета, купили у военных. Их сняли с вертолетов, и нужно было переделать так, чтобы из них можно было стрелять вручную. 7 января 1991 года у меня был АК 5-45. В то время обладать автоматом АК 5-45 было чем-то сверхъестественным. 

С моего дома был виден въезд в город, утром мы увидели колонну «Икарусов» и я сразу пошел к своему другу, автомат я хранил у него. Он дал мне свой плащ, чтобы я спрятал его под ним. Я успел проскочить мимо кордонов, которые ставили грузины. Район, где я жил тогда, тоже оказался занят ими. К тому времени уже говорили об одном убитом жителе Цхинвала.

Я пошел посмотреть, как ситуация в городе. Грузины заняли уже рынок и библиотеку. Я встретил еще парней по городу, обсуждали ситуацию: я сказал им встать со стороны угла улиц Советской и Рукской, и стрелять в воздух в 12 часов.

Ко мне подбежали двое парней, очень взволнованные. Было видно, что у меня есть автомат под плащом, и они начали упрекать меня: «Достань уже оружие, сколько можно его прятать? Нас уже убивают, что еще вы прячете оружие?». Когда я достал автомат, у них загорелись глаза. Я передернул затвор. Вокруг во дворах домов было много людей, все наблюдали за этим. Оттуда мне кто-то крикнул, что на крыше библиотеки сидит снайпер. Я поменял свое место. Начали стрелять и те парни, с которыми я говорил до этого. Я стрелял по автобусам, по колесам. Все вокруг воодушевились, я дал им понять, что стрелять можно.

Ко мне начали подходить на подмогу, приносили патроны, хотя для моего автомата они не подходили, оружия у них ведь не было, все помогали как могли. Стоило мне о чем-то попросить, это сразу организовывалось быстро и четко. Будь то приготовить «коктейли Молотова», или встать и следить для меня за ситуацией, все исполнялось сразу же. Каждый раз, когда я стрелял, люди во дворах начинали хлопать. Чуть позже мои друзья затащили пулемет на пятый этаж дома на перекресте Героев-Харебова, и оттуда дали несколько коротких очередей. Но пулемет так и не заработал как следует. Сразу после этого по улице Героев со стороны вокзала проехали русские военные на БРДМ, и в громкоговоритель призывали или приказывали прекратить огонь.

Так прошел первый день, второй день. До открытых столкновений в первые дни не доходило. Мы, наконец, привели наши пулеметы в порядок. Начали собирать оружие. До вторжения грузины ведь вывезли все оружие, пока МВД было в их руках. Поэтому, в ход шло все. Например, собрали автоматы из кабинетов НВП из школ, переделали их, но все равно, из них можно было выстрелить 3-4 раза за один раз. Вот так началась эта война. 

__________________________________

Из цикла „Живая память — Южная Осетия 1991/2008“
Текст: Зарина Санакоева
Фото: Владимир Сварцевич / Анастасия Сварцевич из архива.



loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა