Нива | Нуну Трапаидзе-Бегиашвили, 81-аздзыд
02.07.2021Смотрите текст на русском языке ниже
Нуну Трапаидзе-Бегиашвили, 81-аздзыд, Цхинвалæй, цæры Дигъомы, лигъдæттæ кæм æрцæрын кодтой, уым
Æз куыстон Цхинвалы аптекæйы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй. Уыцы бæстыхайы дыккаг уæладзыджы та уыд нæ фатер, цыран цардыстæм нæ бинонтимæ.
Мæ цардæмбалы хъæу уыд Знауыры поселокмæ æввахс. Уым цардысты йæ ныййарджытæ. Мæ сывæллæттимæ Цхинвалæй рацыдыстæм 1990 азы кæрон. Мæнмæ гæсгæ, Джаба Иоселианийы адæм уæд бацыдысты горæтмæ. Хайады гæс мæм телефонæй фæдзырдта æмæ мын загъта, цæмæй Цхинвалмæ æрбаздæхон. Дзырдта мын, горæты, дам, ахæм хъуыддæгтæ цæуы, æмæ зæгъ, иунæгæй мæ бон не суыдзæн кусын.
Мæ чызгимæ æрбаздæхтыстæм Цхинвалмæ, фæлæ контролон уадзæн пунктмæ куы бахæццæ стæм, уæд кæсæм, æмæ гуырдзиæгтæ горæт ныууагътой æмæ рацыдысты. Уым нын загътой, æррайы йедтæмæ, дам, горæтмæ ничи бацæудзæн. Уырнын мын кодтой, горæты, дам, иунæг гуырдзиаг дæр нал баззад, мах дæр, дам, ралыгъдыстæм. Вертолеттæ Цхинвалы сæрмæ ратæх-батæх кодтой, адæм дзырдтой, гуырдзиæгтæ, дам, æрбабырсынмæ хъавынц.
Уый уыд декабры мæйы. Хъуыды йæ кæнын, мит уарыд æмæ уыд уазал бон. Мах раздæхтыстæм хъæумæ. Уый фæстæ Знауыры дæр уавæр карзæй-карздæр кæнын райдыдта. Мæ цардæмбал нæ æрæмбырд кодта, мæн, мæ лæппуйы, чызджы, йе ‘фсымæры сывæллæтты, уым цы сывæллæттæ уыд, уыдон се ‘ппæты дæр, æмæ нæ уырдыгæй раласта. Уæд æм «УАЗ» машинæ уыд. Немæ райстам чысыл цыдæртæ, хуыссæнгæрзтæй нын æнæмæнгхъæуæг цы уыд, уыдон æмæ афтæмæй ацыдыстæм. Мæ цардæмбал нæ æркодта, йæхæдæг фæстæмæ раздæхт хъæумæ – йæ ныййарджытæ дæр хъæуы баззыдысты.
Мæ лæг ахæм адæймаг уыд, æмæ йæ алчи дæр бирæ уарзта. Уæд адæм нæ кастысты, ирон чи уыд æмæ гуырдзиаг чи уыд, уымæ. Уый фæстæ цы æрцыд, уый нæ зонын, фæлæ Гамсахурдия ирæтты автономон областы статус скуынæг кæныны фæндон куы раразмæ кодта, уæд райдыдтой змæстытæ. Æвзæр хабæрттæ кæй æрцæудзæнис, уый æз хатыдтæн. Уавæр мидæгæй чи зыдта, уыдон æй æмбæрстой, уыцы хъуыддагыл ирæттæ не сразы уыдаиккой.
Иоселианийы æви Гамсахурдияйы адæм нæм куы фæзындысты, уæд райдыдтой хæдзæртты судзын. Дзырдтой, зæгъгæ, æхстыты рæстæджы иу сылгоймаг йæ чысыл лæппуйы сывæллæтты цæхæрадонæй куы рацæйкодта, уæд дзæгъæл нæмыг сывæллоныл сæмбæлд æмæ мады хъæбысы сывæллон фæмард. Уый фæстæ гуырдзиæгтыл нал ауæрстой, хъæуы гуырдзиæгты хæдзæртты иууылдæр басыгътой.
Адæм лыгъдысты хъæдтыл, фæлæ-иу сæ ирæттæ æрцахстой æмæ сæ алырæттæм ластой. Мæ лæг дæр бирæ тасдзинæдтæ бавзæрста. Куы-иу фæмидæг сты, уæд-иу куы хосы æмбæхст, куы - дыргъдоны. Хæдзарæн та ныууадзæн нæ уыд. Дыууæ машинæ нын уыд. Дыууæйы дæр ирæттæ акодтой. «Нива»-мæ æрбацыд мæ лæджы æмбал. Мæ лæг ын дзуры: «Не ‘мбалдзинад уый у?» Уый йын дзуапп дæтты: «Æмбæлттæ раздæр уыдыстæм, ныр дзы ницыуал баззад». Афтæмæй акодта «Нива»-йы…
Цхинвалы дæр нын батыдтой нæ фатеры, æмæ дзы бирæ цыдæртæ ахастой. Цыма дзы баззад, уыдон нын нæ сыхаг схимæ нывæрдта, дуары та зæгæлтæй ныххуыдта.
Æз мæ чызгимæ дыууæ хатты бацыдтæн Цхинвалмæ. Нæ дзаумæттæй цы фæрæзтам, уый не ‘ккой рахастам. Æртыккаг хатт æз иунæгæй бацыдтæн. Уæд тæссаг уыд. Нæ къамтæ иууылдæр уыдысты полтыл калд. Мæ сыхæгтæ мæ федтой æмæ мын мæ дзуамæттæ æнæ дзургæйæ коридормæ рахастой, цæмæй сæ мачи федтаид, уый тыххæй. Æз сæ иууылдæр æрбамбырд кодтон æмæ сæ рахастон. Мемæ бирæ чингуытæ, альбомтæ рахастон. Мæ сумка ахæм уæззау уыд, æмæ йæ тыххæй фæрæзтон.
Цалдæр азы фæстæ мын баххуыс кодта мæ раздæры æмкусджытæй иу. Уымæн йæ хæстæг Никозы цард æмæ мæ уый фæрцы Цхинвалмæ бауагътой. Мæ мебель мæ фæндыд раласын. Никозаг зонгæ мын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, «уал развæлгъау бацу Цхинвалы штабмæ æмæ дын бар куы радтой, уæд дæм машинæ авæрдзынæн». Æз бацыдтæн штабмæ, уым уыд ирон æвзонг лæппу… Уыцы лæппу мын загъта, «раздæр уал бацæуæм, кæм куыстай, уыцы аптекæмæ, аныхас кæнæм дæ раздæры æмкусджытимæ, æмæ кæд уыдон дæ ныхмæ нæ уой, уæд дын баххуыс кæндзынæн».
Аптекæмæ бацыдтæн æмæ хайады гæс ирон сылгоймагæн загътон, мæ мебель аласын мæ кæй фæнды. Уый мын афтæ зæгъы: «Нуну, цы дæ фæнды, уыдон алас. Махæн цы бар ис, æмæ дын сæ ма ауадзæм?»
Штабмæ баздæхтæн æмæ сын куы загътон, ме ‘мкусджытæ разы кæй сты, уый, уæд мын мæ зонгæ лæппу радта машинæ æмæ хъахъхъæнджытæ. Мемæ рацыдысты дæс адæймаджы æфсæддон дарæсы, автоматтимæ. Æз иунæг сылгоймаг. Æрбацыдыстæм та штабмæ. Ирон лæппу рацыд немæ. Фондз гуырдзиаг солдаты нæм æнхъæлмæ кастысты бынæй, фондзæй та мемæ рацыдысты. Нæ бон цы уыд, уый рахастам, фæлæ цæй аргъæй? Фыртæсæй мæ астæу фæфыдыскъуыд. Мæнимæ чи уыд, уыдонæй искæй куы амардтаиккой, уæд мæхи дæр амардтаин. Кæй бахъуыдысты ахæм мебель, ахæм дзаумæттæ… Аивæрзтыстæм æнæ фыдбылызæй. Иууылдæр куыстой æнæссыбырттæй, иу дзырд дæр сæ дзыхæй нæ хауд.
Цхинвалмæ бацæуыны тыххæй мæнæн сабыргай мæ ныфс саст, фæлæ мæ цардæмбал хъуыды кодта, зæгъгæ, æнæмæнг баздæхдзыстæм. 2013 азы фæзиан. Иуæй-иу хатт-иу ын ме ‘фсымæр дзырдта: «Джемал, афтæ тагъд уавæр не ‘рсабыр уыдзæн. Цалынмæ уыцы хъуыддаг æрцæуа, уæдмæ иууыл къаддæр рацæудзæн дыууын-дыууын фондз азы». Рацыд дæс æмæ сæдз азы…
Цхинвалы нæ фатеры цæры ирон сылгоймаг. Чи у, уый ничи зоны. Знауыры нын нæ хæдзар басыгътой 1991 азы. Ныртæккæ нæ хъæуы цæры иунæг адæймаг. Уый йедтæмæ дзы ничиуал ис.
Транскрипт: Марта Меликидзе
Текст: Нино Ломадзейы
«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Нива
Нуну Трапаидзе-Бегиашвили, 81 год, из Цхинвали, проживающая в Дигоми, в поселении для беженцев
Я работала в Цхинвальской окружной аптеке заместителем заведующего. На втором этаже того же дома была квартира, в которой мы с семьей жили.
Деревня моего мужа была неподалёку от Знаури . Его родители жили там.
Мы с детьми уехали оттуда к концу 1990-го года. Кажется, люди Джабы Иоселиани зашли тогда. Позвонил заведующий и сказал, что я должна была вернуться в Цхинвали. Говорил, такое твориться, ему одному не справиться.
И вот, мы с дочкой вернулись в Цхинвали, но видим у контрольного пункта, что грузины покидают город. Тогда нам сказали, что кроме сумасшедшего туда бы никто не пошел. Уверяли, что ни одного грузина там не осталось и нам надо было бегством спасаться. Вертолёты кружили над Цхинвали, а люди говорили, что грузины собирались наступать.
Это происходило в декабре. Помню, шел снег и было холодно.
Вернулись мы обратно в деревню. Вскоре в Знаури тоже накалилась обстановка. Собрал нас мой супруг, меня, сына, дочку, детей своего брата, всех, кто там был из детей, и вывез. Тогда у него был УАЗ. Взяли с собой кое-что из постели, что обязательно понадобилось бы, и уехали, однако муж опять вернулся в деревню – родители там оставались.
Моего мужа любили все, такой он был человек. Тогда люди не смотрели, кто осетин и кто грузин. Не знаю, что потом произошло, но когда Гамсахурдия выступил с предложением упразднить осетинский округ, тогда всё и началось. Я чувствовала, что следовало ожидать худшего. Все, кто знал ситуацию изнутри, видели, что для осетинского общества это было неприемлемо.
Дома начали поджигать, когда люди то ли Иоселиани, то ли Гамсахурдия появились у нас. Говорят, во время перестрелки какая-то женщина ребенка с детского сада забирала. В дитя попала слепая пуля и убила на руках у матери. После этого грузин не щадили, все грузинские дома пережгли в деревне.
Двинулись люди через леса, а осетины схватывали их и увозили в разные стороны. Моему мужу тоже пришлось через такой страх пройти... Нагрянут и давай, прячься то в сене, то в саду, а дом никак не оставишь. Две машины у нас были. Осетины забрали обеих, мой хороший. За Нивой пришел друг моего мужа. Говорит ему муж: «Разве в этом заключается наша дружба?» А он отвечает, что дружба была в прошлом и больше ее нет. Так и забрал нашу Ниву...
Также взломали нашу квартиру, в Цхинвали, и унесли все, а что осталось, сосед хранил у себя. Он же заколотил нашу дверь.
Мы с дочкой дважды приезжали в Цхинвали. Что могли, вынесли на своих плечах. В третий раз я поехала одна. Уже было опасно. Фотографии были разбросаны по всему полу. Увидели меня соседи и молча выбросили мои вещи в коридор, чтобы никто не заметил. Я все подобрала. Много книг с собой взяла, альбомов. Еле-еле несла тяжеленную сумку.
Спустя несколько лет мне помог один из старых сотрудников. У него был родственник в Никози и тот все устроил. Впустили меня в Цхинвали. Мебель хотела вывезти. Человек из Никози посоветовал пойти в Цхинвальский штаб и обещал, что если в штабе будут согласны, он даст мне машину. Ну, я пошла в штаб, а там молодой осетин... Говорит, сначала пойдем в вашу аптеку, с вашими сотрудниками поговорим и если они будут не против, с удовольствием вам помогу.
Пришла я в аптеку. Осетинка вторая зам. Говорю я ей, что мебель хочу забрать, а она отвечает: «Забирай, Нуну, что хочешь. Какое мы имеем право запрещать?»
Вернулась я в штаб и сказала, что на работе согласны. Тогда парень предложил машину и охрану. Десять парней меня сопровождали, в военных формах, с автоматами. Одна я женщина. Опять в штаб приходим. Осетинский парень поехал с нами. Грузинские солдаты, пять человек, остались ждать внизу, а пять последовали за мной. Вынесли, что смогли, но какой ценой? Подорвала себе спину со страху. Покончила бы с собой, если бы убили кого нибудь. Кому нужны такая мебель, такие вещи... Обошлось. Все работали молча, никто словом не обмолвился.
Я потихоньку теряла надежду, а мой супруг все думал, что обязательно вернётся. В 2013 году он скончался. Иногда мой брат говорил ему: «Джемал, так быстро ситуация не утихомирится. По крайней мере двадцат-двадцать пять лет пройдут прежде, чем это произойдет». Прошло уже тридцать.
В нашей Цхинвальской квартире живет какая-то осетинка. Никто не знает, кто она такая. Дом в Знаури сожгли летом 1991 года. Один единственный человек живет сейчас в деревне. Нет никого там кроме него.
_____________________________________________
Транскрипт: Марта Меликидзе
Текст: Нино Ломадзе
Из цикла Живая память — Южная Осетия 1991/2008