გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

Чындздзон къаба | Гæбæраты Элинæ, Цхинвал

Смотрите текст на русском языке ниже

Гæбæраты Элинæ, 30 аздзыд, Цхинвал

2008 азы фæндзæм августæй фæстæмæ æдзухæй æхстытæ уыд. Æгæрыстæмæй сыхæгтæн дæр дзырдтон, цæмæй ныккæндмæ ныххизæм æмæ йæ бафснайæм, уæд та нæ уым бадыны сæр бахъуыд. Фæлæ мæм ничи байхъуыста. Никæй уырныдта, хъуыддаг уымæ кæй æрцæудзæн.

Æвдæм августы æхсæвы 11.30 сахатыл гуырдзиæгтæ райдыдтой горæт æхсын. Мах фæгæппытæ кодтам. Цы хабар у, уый мæ мад æмбаргæ дæр нæ кодта. Мах цырд-цырд нæ дарæс акодтам, райстам хъарм хъæццултæ æмæ ныккæндмæ ныллыгъдыстæм. Æхсæвы фыццаг сахатмæ нæ корпусы цæрджытæ иууылдæр, 40 адæймагæй ныххызтысты ныккæндмæ. Бирæ сывæллæттæ дзы уыд. Чидæр загъта, цæмæй телефонтæ ахицæн кæнæм, дзырдтой, зæгъгæ, дам, нæм хъусынц, кæнæ та бирæ телефонтæ кæм ис, уырдæм бомбæтæ æрæппарынц. Райсомæрдæм æхстытæ чысыл æрсабыр сты. Мах æддæмæ рахызтыстæм. Алы рæтты уыд æвгты цъæлтæ, æфсæйнаджы цъæлтæ, зæхх æмбæрзт уыд бæлæсты сыфтæ æмæ къалиутæй. Стæй та æхстытæ райдыдтой æмæ та ныккæндмæ ныххызтыстæм. Афтæмæй бон баизæр. Мах ницы хордтам, хæрын нæм нæ цыд, фæлæ бирæ дон нуæзтам.

Иууылдæр æнхъæлмæ кастыстæм уæрæсейаг æфсады æрцыдмæ. Ничи хъуыды кодта, уыцы диссаг цалдæр боны кæй аххæсдзæн, ууыл.

Фарастæм августы æхсæвы дæр тынг æхстытæ уыд. Нæ акомкоммæ уыд фидауынгæнджыты штаб, уыцы районы иннæрдыгæй та нæ хæдæфсæддонты батальонтæ уыдысты, уый тыххæй нæ районмæ тынг æхстой.

Ныккæнды махимæ уыд Джульеттæ, нæ сыхаг Мæлдзыгаты Сосланы цардæмбал. Мах иумæ схъомыл стæм, æмкарæнтæ уыдыстæм. Æстæм августы базыдтам, Сослан кæй фæмард, уый. Уый куыста ОМОН-ы. Йæ цардæмбал бадт æмæ йæм æдзухæй телефонæй дзырдта. Йæ уæлæ уыд Сосланы курткæ.

Фарастæм августы райсом раджы æхстытæ æрсабыр сты. Мах æддæмæ рахызтыстæм. Нæ алыварс æппæт дæр уыд пырх, бирæ дзы уыд, чи не спырх, ахæм снарядтæ дæр. Мах уынгыл дæлæмæ рацыдыстæм, Мæскуыйаг уынгы ‘рдæм. Вокзалгæрон æмæ Мæскуыйаг уынгтæ кæм иу кæнынц, уым спырх кодтой гуырдзиаг танчы. Танчы мæсыг атахт æмæ йæ бырынкъæй ныссагъд Профцæдисты хæдзары асинты. Бæлæсты сыфтæ иууылдæр æркалдысты. Бæласыл ауыгъд уыдысты тъæнгтæ. Чысыл æдтæдæр цыдæр фæлмæн æмæ лæгъзыл фæлæууыдтæн, æркастæн æм, æмæ уыдысты адæймаджы сæрыкъуыдыры хæйттæ, хъуынтæ æмæ царм.

Махмæ афтæ каст, цыма нæ Уæрæсе дæр æмæ нæхи Президент дæр ныууагътой. Иууылдæр кæрæдзимæ дзырдтам телефонты. Алырдыгæй дзырдтой, зæгъгæ уый амардтой, иннæйы амардтой…

Фарастæм августы изæрæй рацыдыстæм горæтæй нæ сыхаджы машинæйыл. Мæхи цыдæргъуызон хатыдтæн. Кæдæм цæуæм, уый нæ зыдтам. Искуы ма нæ хæдзар фендзыстæм, уый æнхъæл дæр нæ уыдыстæм. Немæ райстам æрмæстдæр нæ документты, æндæр ницы. Горæтæй куы рацæйхызтыстæм, уæд ма иу каст фæкодтон фæстæмæ… Горæт пиллон арты сыгъд… Афтæ мæм фæкаст, цыма никуыуал æрыздæхдзынæн ардæм, æмæ уæд ныккуыдтон.

Фарастæм августы æхсæвы бахæццæ стæм Уæрæсейы арæны онг. Уæрæсейы æфсады федтам Ручъы тъунелы цур. Уыцы æхсæв ныхæццæ стæм Дзæуджыхъæумæ æмæ бахсæвиуат кодтам не ‘рвадæлтæм, стæй райдыдтам рацу-бацу кæнын лигъдæттæн бынæттæ рахицæн кæныны центры.

Телефонæй дзырдтон мæ зонгæтæм. Куыд базыдтон, афтæмæй ме ‘мбæлттæй, æмкъласонтæй бирæтæ уый размæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ.

12-æм августы Михайловскы (Дзæуджыхъæумæ æввахс хъæу) ныгæдтой Мæлдзыгаты Сосланы. Йæ мард ын Цхинвалæй æрластой, уымæн æмæ дарддæр цы уыдзæн, уый адæм нæ зыдтой æмæ уый тыххæй бирæты баныгæдтой Цæгат Ирыстоны. Мах ацыдыстæм хистмæ. Мард тыхт уыд полиэтилены пакеты. Пакет хыбар-хыбур кодта. Фæстæдæр æй куыд бамбæрстон, афтæмæй дзы, æвæццæгæн, къуыдыр кæлмытæ змæлыдысты.

Даккаг бон та ныгæдтой ме ‘æмкъласон Хъæцлæуты Зæлинæйы. Зæлинæ æмæ йæ мад фæмард сты, сæ хæдзары раз цы къулдуар уыд, уый цур. Сæ цуры кассетон бомбæ æрхауд æмæ Зæлинæйæн йæ сæр ахауæн кодта. Йæ марды чырыны йын нывæрдтой чындздзон къаба. Дыууæ къуырийы фæстæ чындзы хъуамæ ацыдаид. Мæрддзыгой уæвгæйæ, мæнæй иу цæссыг дæр не ‘рхаудта. Хæсты фæстæ бирæ рæстæджы дæргъы мæ бон кæуын нæ уыд.

Текст: Санахъоты Заринæ
«Удæгас мысынад — Хуссар Ирыстон 1991/2008» - ы циклæй


Свадебное Платье

Элина-Габараева, 30 лет, Цхинвал

 После пятого августа 2008 все время бывали обстрелы. Я даже говорила соседям, давайте спустимся в подвал и приберем там, вдруг нам придется сидеть там. Но никто меня не послушал, никто не верил, что может дойти до такого.

Седьмого августа к половине двенадцатого начался обстрел, мы вскочили, мама не могла понять, что происходит. Мы быстро оделись, взяли теплые одеяла и побежали в подвал. К часу ночи все жители нашего дома тоже спустились, человек 40. Было много детей. Кто-то сказал выключить телефоны, говорили, что прослушивают, или что по скоплению телефонов вычисляют скопления людей и бомбят туда.

Рано утром обстрел чуть притих. Мы все вышли. Везде было битое стекло, искорёженный метал, и еще вся земля была устлана листьями с деревьев. Затем обстрел снова начался, и мы спустились обратно. Так прошел весь день. Мы почти ничего не ели, аппетита не было, а пили много воды.

Все ждали, что вот-вот зайдут российские войска. Никто не думал, что это продлится несколько дней.

В ночь на девятое августа снова был сильный обстрел. Прямо перед нами был штаб миротворцев, а с другой стороны, в том же районе батальоны наших ополченцев, и в наш район стреляли сильно.

В подвале с нами сидела и Джульетта, жена нашего соседа Сослана Малдзигова. Мы с ним выросли вместе, мой ровесник. Восьмого августа мы узнали, что он погиб. Он работал в ОМОНе. А его жена сидела и звонила ему. На ней была его куртка.

Девятого августа рано утром было затишье. Мы вышли на улицу. Вокруг все было разрушено, но было очень много и неразорвавшихся снарядов. Мы пошли вниз по улице, в сторону улицы Московской. На перекрестке улиц Привокзальная и Московская подбили грузинский танк, он взорвался. Башня отлетела метров на 50 и дулом вонзилась в лестницы здания Профсоюзов. Листва с деревьев вся осыпалась. На дереве висели кишки. Чуть дальше я наступила во что-то мягкое и липкое, я посмотрела, это были остатки черепа, волосы и кожа.

Нам уже казалось, что и Россия нас бросила, и наш президент нас бросил. Все переговаривались по телефону, то и дело звучало, того убили, этого убили.

Мы выехали из города девятого августа вечером, на машине соседей. Было странное ощущение, мы не знали, куда едем, увидим ли еще когда-нибудь свой дом. Взяли только документы и все. Выезжая из города, я еще оглянулась назад, весь город просто пылал. Мне показалось, что я больше не вернусь сюда, и тогда я заплакала.

Мы доехали до границы с Россией поздно вечером девятого августа, увидели российские войска только у Рокского тоннеля. В ту ночь мы остались у нашего однофамильца, а затем началось хождение по разным центрам размещения беженцев.

Я обзванивала знакомых. Оказалось, уже многие из моих друзей, одноклассников здесь. 12-го августа в Михайловском (пригород Владикавказа) были похороны Сослана Малдзигова. Его повезли туда, никто ведь не знал, что будет дальше, поэтому многих похоронили в Северной Осетии. Мы пошли на похороны. Он был завернут в пакет, полиэтиленовый. Пакет шуршал, только потом я поняла, что там наверно шевелились черви. На второй день были похороны моей одноклассницы, Залины Качлаевой. Она и ее мать погибли прямо у ворот своего дома, рядом упала кассетная бомба. Залине оторвало голову. В ее гроб положили ее свадебное платье, через две недели она должна была выйти замуж. На этих похоронах я не проронила ни слезинки. Долго после войны я не могла плакать.
__________________________

Текст: Зарина Санакоева 
Из цикла «Живая память — Южная Осетия 1991/2008»

loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა