Фæззыгон Сирень | Элла 45-аздзыд. Цхинвал
11.07.2021 | 7 წუთიანი საკითხავიСмотрите текст на русском языке ниже
2008 азы æнæхъæн сæрды нæ æхстой, фæлæ фыццаг августы æхсæвы æхстытæ уыдысты уæлдай тынгдæр. 18 азы дæргъы æрмæстдæр уыцы æхсæв фынæй кодтам полыл. Æрмæстдæр мæм уæд бахъардта, уавæр серьезон кæй у. Уыцы æхсæв нæ куыдз Сара фæрынчын. Уый йæ фарсыл æрхауд æмæ йæ фындзæй туг рацыд. Мах æнхъæлдтам, зæгъгæ, йыл æвæццæгæн нæмыджы схъис сæмбæлд, фæлæ уый кæй фæтарст, уый тыххæй йæ нервтæ сызмæлыдысты æмæ йæ фындзы туг дæр уымæн рацыд. Æртыккæгæм августмæ йын хостæ лæвæрдтам æмæ фæхуыздæр.
Уый фæстæ уавæр чысыл фæхуыздæр. Бонæй цардыстæм, хуымæтæджы æрвылбонон цардæй. Хъуыды йæ кæнын, 6-æм августы æз бадтæн кафе «Фарн»-ы, горæты центры. Чи йæ зыдта, дыууæ боны фæстæ уыцы кафейыл авиабомба æрхаудзæн?
7-æм августы изæрæй, мах æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм Олимпион хъæзтыты гом кæныны церемонийы райдайынмæ. Мах нæ бинонтимæ алыхатт дæр фæкæсæм фæнды сæрдыгон, фæнды зымæгон Олимпион хъæзтыты райдайыны церемонимæ. Ме ‘фсымæримæ уæд баззадыстæм нæ фыдмæ, нæ мадимæ хицæнтæй цардысты. Мæ мад уыцы æхсæв уыд радгæс, уый рынчындоны кусы. Мæ фыд йæхæдæг та уыд йе ‘мбалмæ Геленджикы. 10 сахатыл нæм нæ мад телефонæй фæдзырдтæ, цæмæй нæ документтæ райсæм æмæ ныккæндмæ ныххизæм. Мах нæ ныххызтыстæм ныккæндмæ, ныххызтыстæм фыццаг уæладзыгмæ нæ сыхагмæ. Фæстæдæр, тынг æхстытæ куы райдыдтой, æмæ рудзгуытæ куы ныцъæл сты æмæ дуар дæр куы рахауд, уæд ныххызтыстæм ныккæндмæ. Сара та йæхи æвзæр хатыд, æрхауд та æмæ та йæ фындзæй туг рацыд. Мæнæн ын мæ бон баххуыс кæнын нæ уыд, æрмæстдæр кастæн, куыдзы туг куыд сцад, уымæ. Ме ‘фсымæр Миша-иу кæдæмдæр ралыгъд. Æз иунæгæй бадтæн ныккæнды, иу къорд куыйтимæ. Дуæрттæ гом уыдысты æмæ уынгты куыйтæ нæ ныккæнды байдзаг сты. Уыдон бадтысты тынг сабыр.
9-æм августы райсомæй æз фехъуыстон гуырдзиаг ныхас, тынг дис мæм фæкаст, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæдæр рабæрæг, нæ бархионтæ ныккæндмæ кæй балыгъдысты æмæ уым кæй хъуыстой гуырдзиаг радиомæ, цæмæй базыдтаиккой, гуырдзиæгтæ сæ ног хабæртты цæуыл дзурынц,уый. Лæппутæ ме ‘фсымæрæн загътой, цæмæй мæ акодтаид горæты центрмæ æввахсдæр кæм у, ахæм бынатмæ. Уæд мах хиды фаллаг фарс уыдыстæм, Гуырдзыстоны æрдыгæй горæтмæ æрбацæуæнмæ æввахс.
Мах горæтмæ ацыдыстæм, алы ‘рдыгæй бæлæстæ фæлдæхт, хæдзæрттæ судзынц. Балыгъдыстæм, ЕÆÆО-йы (ОБСЕ) офис кæм уыд, уыцы хæдзары размæ. Уырдæм æрæмбырд сты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, иууылдæр хъæр кæнынц, кæуынц, уыйбæрц уыдысты, æмæ дзы æрлæууæн дæр нал уыд. Нæ ныккæндæй кæй рацыдыстæм, уый тыххæй æз милуан хатты фæфæсмон кодтон. Фæстæмæ нæ нал уагътой, дзырдтой нын, уынгты, дам, гуырдзиæгты фистæг æфсад ис. Цæмæй ма хъæр кодтаиккой, уый тыххæй мæдтæ хæцыдысты сæ сывæллæтты дзыхтыл. Æрбахастой ма нæм цæфты дæр. Уæд ноджы тынгдæр æрымысæдтæн нæ ныккæнды куыйтæ æмæ æхсынчъытимæ.
Æхсæвы Миша ацыд, æз ма райсоммæ баззадтæн, уый фæстæ æз дæр ацыдтæн. Уый уыд 10-æм августы райсом. Уæд нырма артиллерион æхстытæ нæ уыд. Æз хæдзармæ æрцыдтæн, фыццаджы фыццаг уал нæ куыдз Сарайы абæрæг кодтон. Тынг æвзæр уыд, хуыссыд туджы цады, йæ фындз ныффæлурс æмæ хыр-хыр кæны. Æз аскъуыддзаг кодтон рынчындонмæ йæ бакæнын, афтæмæй ныууадзæн ын нал уыд.
Рынчындонмæ фæцæйцæугæйæ, тынг фæдис кодтон, Горькийы уынгыл, цыма, æппындæр хæст нæ уыд, афтæ уыд. Хæдзæрттæ дæр æмæ бæлæстæ дæр иууылдæр уыдысты æнæхъæн. Рынчындонмæ æввахс та – иууылдæр пырх. Æз балыгътæн мæ мадмæ хæдзармæ. Хæдзар уыд пырх. Сыхаг сылгоймаг мын загъта, дæ мад, зæгъ, æхстытæ куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ хæдзары нæ уыд. Рынчындонмæ балыгътæн, мæ мады рынчындоны ныккæнды ссардтон. Ныккæнды уыдысты цæфтæ, дохтыртæ, сыхаг хæдзæртты цæрджытæ… Рынчындоны бæстыхай дæр тынг ныппырх.
Мæ мад мæ тынг тыхстæй райдыдта фæрсын, куыд стæм, уымæй, зæгъгæ, алцы дæр нормалон у? Загътон ын, Сара йæхи æвзæр кæй хаты, æмæ мæ уымæн хостæ кæй хъæуы, уый тыххæй. Мæ мад мыл сбуцтæ кодта, загъта мын, цæмæй мæхæдæг медхойæ ракурон хостæ. Кæд радта, уæд – хорз, кæд - нæ, уæддæр – цы гæнæн ис. Æз тынг æфсæрмытæгæнгæ бацыдтæн медицинон хомæ æмæ дзы ракуырдтон туг æрлæууынгæнæн хостæ. Уый мæ афарста: «Исчи фæцæф?» Куыдзæн мæ кæй хъæуынц, уый йын загътон æмæ мæхæдæг мæхи æрцæттæ кодтон, ныртæккæ мыл куыд фæхъæр кæндзæн, уымæ. Фæлæ уый уадидæгæн ацыд æмæ мын æрбахаста цавæрдæр ампулатæ, бæмбæг, бинттæ, хостæ, лæмбынæг мын бацамыдта, куыд сæ спайда кæнон, уый тыххæй, стæй мæхицæн дæр æмæ мæ куыдзæн дæр загъта æнæниздзинады фæндиæгтæ. Æз хæдзармæ æрбацыдтæн æмæ хос кæнын райдыдтон Сарайæн. Уый йæ къахыл слæууыд, фæлæ октябры мæймæ иууылдæр сурс. Сара ма иу афæдз ацард, стæй амард.
Хуыцауы фæрцы нæ хæдзарыл ницы сæмбæлд, снаряд сæмбæлд нæ сыхæгты хæдзарыл, махæн та нæ хæдзармæ æфтауæн агъуыст ныппырх кодта, ныппырх нæ кæркдон дæр, кæрчыты фæхаста цæхæрадоны алы рæттæм, цæхæрадон йæхæдæг иууыдæр басыгъд. Хæстæй дыууæ къуыри раздæр мæ мадæн фесæфт йе ‘фтауæг карк. Мæ мад ыл маст кодта, хорз карк уыд. Цасдæр рæстæджы фæстæ карк æрбацыд ног уагъд цъиутимæ.
Фæззæджы та, октябры кæрон, нæ цæхæрадоны фæткъуыбæлас дидинæг рафтыдта. Уыцы аз бирæтæн сæ дыргъбæлæстæ дидинæг рафтыдтой фæззæджы. Сирень дæр радидинæг кодта.
«Удæгас мысынад – Хуссар Ирыстон 1991/2008»-ы циклæй
Текст: Санахъоты Зæринæ
Къам: Элла Авагимова
Все лето 2008 года нас обстреливали, но ночью первого августа был особенно сильный обстрел. Именно тогда, впервые за 18 лет, мы спали на полу. Тогда до меня дошло, что ситуация серьезная. В ту ночь, наша собака, Сара, заболела. Она просто упала на бок, и у нее из носа пошла кровь. Мы подумали, что в нее попал осколок, но у нее было что-то вроде нервного потрясения. До третьего августа, мы давали ей лекарства, и ей стало лучше.
Потом стало чуть спокойнее, днем мы жили обычной жизнью. Я помню, 6-го августа я сидела в кафе «Фарн», в центре города. Кто знал, что через два дня прямо на него упадет авиабомба.
Вечером седьмого августа мы с нетерпением ждали начала церемонии открытия Олимпийских игр. Мы всей семьей всегда смотрим открытие, неважно, зимние или летние. Мы с братом тогда оставались у отца, они с матерью жили раздельно, мама в ту ночь дежурила, она работала в больнице. Отец сам был у друга в Геленджик. Часов в 10 она нам позвонила, и сказала, чтобы мы брали документы и спускались в подвал. Мы не пошли в подвал, пошли на первый этаж, к соседке. Позже, когда уже был сильный обстрел, выбило все окна и двери, мы спустились в подвал. Саре снова стало плохо, она упала и из носа у нее шла кровь. А я не могу ничем помочь, только смотрю на собаку в луже крови. Мой брат, Миша, периодически куда-то убегал. Я сидела одна в подвале, с кучей собак. Двери были открыты, и все дворовые собаки с округи забились в наш подвал. Они сидели очень тихо.
9-го утром я услышала грузинскую речь, очень удивилась, конечно, потом выяснилось, что это наши ополченцы забежали в подвал и слушали грузинское радио, чтобы узнать, что там передают по их новостям. Они сказали моему брату, чтобы он забрал меня куда-нибудь ближе к центру города. Мы были тогда за мостом, недалеко от въезда в город с грузинской стороны.
Мы пошли в город, деревья повалены, дома горят. Мы прибежали в дом, где был офис ОБСЕ. А там, просто ужас! Дети, женщины, все орут, плачут, все друг на друге, даже стоять негде. Я миллион раз пожалела, что мы ушли из нашего подвала. Назад нас уже не выпускали, говорили, что на улицах уже грузинская пехота. Мамаши зря зажимали рты своим детям, чтобы они не кричали. К нам еще занесли раненных. Вот тогда я сильно заскучала по своему подвалу с собаками и блохами.
Ночью Миша ушел, я пробыла там еще до утра, и тоже ушла. Это было 10-го августа утром. Тогда артиллерийского обстрела не было. Я пришла домой, первым делом проведала собаку, Сару. Она была уже совсем плоха, нос стал совсем белый, лежит в луже крови, хрипит. Я решила пойти в больницу, так оставлять ее уже нельзя было. Я очень удивилась, по улице Горького в сторону больницы было ощущение, что здесь войны не было вообще. Все дома были целы, деревья тоже. А вот ближе к больнице все было уничтожено. Я прибежала домой к матери, увидела, что он тоже разрушен. Соседка сказала, что мамы не было дома все это время. Я добежала до больницы, нашла маму в подвале. Там все были в подвале, раненые, врачи, жители с соседних улиц… Само здание больницы тоже было сильно разрушено.
Мама в панике, стала спрашивать, все-ли нормально. Я сказала что Саре плохо и мне нужны для нее лекарства. Мама фыркнула на меня, сказала, чтобы я сама попросила у медсестер. Если дадут – дадут, нет – нет. Я очень смущенно подошла к одной медсестре, попросила кровоостанавливающее. Она спросила: «Кто-то ранен?». Я ответила, что мне это для собаки нужно, а сама приготовилась, что она сейчас на меня накричит. Тут такое творится, а я для собаки лекарства прошу. Но она сразу же пошла, дала мне какие-то ампулы, ваты, бинты, подробно рассказала, что и как делать, и еще пожелала нам с собакой здоровья. Я пришла, стала лечить Сару. Она встала на ноги, но к октябрю она вся поседела. Прожила Сара еще год, потом умерла.
В дом, слава богу, ничего не попало, снаряд града попал в дом соседей, а у нас снесло пристройку, курятник разнесло, кур разбросало по всему огороду, огород сам был полностью выжжен. А недели за 2 до войны у мамы пропала одна из несушек. Мама попереживала, курочка хорошая. И вот спустя некоторое время наша курочка пришла домой с выводком цыплят.
А осенью, в конце октября, у нас в саду зацвела яблоня. В тот год у многих осенью деревья цвели, и сирень цвела.
________________________________________________________________
Из цикла «Живая память - Южная Осетия 1991/2008»
Текст: Зарина Санакоева
Фото: Элла Авагимова