გახსენით მობილურ აპლიკაციაში

ახალი დრო, იდეები, ადამიანები.
EN

МЫСИНÆГТÆ ÆНДИДЗЫН КÆНГÆЙÆ | Санахъоты Заринæ Нино Ломадзе

Атъены хъæуæй къуылдымты ‘рдæм азылдыстæм. Фæнды нæ ирон хъæутæ фенын. Уары къæвда, уæлдæф у уазалдзæф, цæлхыты бынæй цъыф фæйнæрдæм кæлы. Хæдтулгæ иу дзыхъхъæй иннæмæ цъыфыл уæззаугай цæуы. Фæндагыл ранæй-рæдты баззад лыстæг дур, иннæ къæвда аласта, иууылдæр у цъыф.

Стыр дзыхъхъытæ цъыфæй байдзаг сты. Сæ арф нæ зыны. Нæ алыварс ис фылдæр цъæх сыфтæрджын хъæд, кæмдæрты ис мохъо къохтæ дæр. Хъæд афтæ сабыр у, æмæ мохъойы хихтæ зæххмæ куыд хауынц, уый дæр хъуысы.

Ранæй рæтты фæндаг бынтондæр нал зыны, къада дæттæ йыл кæлы.

Цыма ацы дыууæ хъæуы ‘хсæн цы дон кæлы, уый кæй онг цæуы?

Куы йыл хъуыды кæнай, уæд дæ дæ хъуыдытæ дард акæндзысты сæ фæстæ, æмæ уæд уæлæ афтид хъæутæ цы кæмтты ис, уыдонмæ нал схæццæ уыдзыстæм. Ирон бинонæ цы хæдзæртты цардысты 30 азы размæ, уыдон ныр сты афтид. Иу хæдзар дзы нæ зыны егъау æнгуыз бæласы къалиутæй, цыма сæ фæстæ бамбæхст, афтæ зыны. Уæлæ уæлдæр та иннæ хæдзар урс рудзынгимæ, иннæ та - цъæх хъуына агъуыстимæ. Бирæ азты дæргъы ацы хæдзæрттæн сæ бацæуæнтæ сцъыфдзаст сты.

Махæн та ныр сæйрагдæр у ацы доны бын фæндаг ссарын.

Проект «Мысынад сæндидзын кæнын» у ацы фæндаджы хуызæн.

Адæмы зæрдыл цы историтæ æрлæууы, уыдон ‘хсæн ис бирæ алыгъуызон цæстæнгæстæ. Ацы цæстæнгæстæ сты æндæр æмæ æндæр тексттæй арæзт, кæцыты æвдыст цæуы ныхмæвæрд реалондзинад. Уыдон сты иу нывы æндæр æмæ æндæры хæйттæ. Уый махæн хъуамæ фенын кæна вазыгджын истори æнæхъæнæй. Уыцы радзырдтæ нын уынын кæнынц, бирæ хæттыты чи ферох, фæлæ мысанæдæй  хафт чи не ‘рцыд, ахæм историтæ. Уыцы хæдзæртты, кæртыты, уынгты цытæ æрцыд, уыдоны айзæлд нырмадæр хъуысы дугты æхсæнтæй.

Уыцы историты дæсгай мин адæймæгты хъæлæстæ сæ хæдзæрттæм тæхынц æмæ уым сæ зæлланг хъуысы. Уыцы хъæлæстæ абон æмбырд сты ацы чысыл архивы.


პროექტის ფარგლებში მომზადებული ყველა ისტორია ნახეთ აქ
English versions of stories are available here
loader
შენი დახმარებით კიდევ უფრო მეტი მაღალი ხარისხის მასალის შექმნას შევძლებთ გამოწერა